Æхсæнадæмон Валютон Фонд – Европæйы бæстæты æхсæн, астæуæмгъуыдджын периоды, сеппæтæй бæрзонддæр экономикон райрæзт Гуырдзыстонæн уыдзæн
Æхсæнадæмон Валютон Фонды фæстаг прогнозæй, Гуырдзыстонæн, астæуæмгъуыдон периоды Европæйы бæстæты æхсæн, сеппæтæй бæрзонддæр экономикон рæзт уыдзæн. Фонды аргълæвæрдæй, 2024 азы Гуырдзыстоны эконмикон рæзт, 5,7% æрмæст 2025 азы рæзты темп 5,1% уыдзæн.
Валютон Фонды хыгъдлæвæд афтæма æххæссы иу удгоймаг цæрæгыл æмтгæйон мид продукты бæрæггæнæнмæ æлхæнынхъомады паритетыл æнцойæ. Ацы бæрæггæгæнмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстон йæ фæстæ фæуагхдта Евроцæдисы уæнгтæм кандидат фондз бæстæйы æмæ абаргæйæ бæрзонддæр бæрæггæнæнтæ йæм иннæ азты дæр удызæн.
Уимæ ма, Æхсæнадæмон Валютон Фонды прогнозæй, æлхæнынхъомады паритетыл æнцойæ, 2023 азы Гуырдзыстоны иу удгоймаг цæрæгыл æмтгæйон мидпродукты бæрæггæнæн Евроцæдисы аналогион бæрæггæнæны 41%-ы бæрц уыд, æрмæст 2029 азмæ 51%-æй ахиздзæн. Абарынæн, Евроцæдисмæ кандидат бæстæйы, Цæгат Македонийы аналогион бæрæггæнæн 2029 азы 42%, æрмæст Молдовæйы 39% уыдзæн.