Æфтиæгты  куыст æхсæнадæмон санкциты сыххæст процессы  фæдыл  фидиуæн   публикаци кæны
Æфтиæгты куыст æхсæнадæмон санкциты сыххæст процессы фæдыл фидиуæн публикаци кæны

Финансты  министрады  æфтиæгты куыст фидиуæнæй  дзуапп кæны  телекомпани   «Тв Пирвели»-ы  эфиры  ацæугæ   сюжетæн æмæ  йæ  дезинформацийæ   хоны.   Фидиуæнæй, æхсæнадæмон  санкциты  сфидар кæнын бонæй,   Гуырдзыстон æнæхъæнæй  æххæст кæны   фидаргонд уагæвæрд.

«Фæнысангонд хынцгæйæ,  алы  уыцы продукты  экпорт, ацы цауы   сюжеты   бавдыст   цардуагон  электро-техникæййы, кæцы     бахауд  санкциты хайадисæг   бæстæты  бæрæг    номхыгъдмæ æмæ  кæцыйыл хæлиу кæны  Европæйы Советы  2014 азы 31 июлы  (EU) №833/2014  ист регуляцийы  æркуырд, (кæцы  йæ хъуыдыйы дары  электро-базайраджы  Евроцæдисæй  экспорты  тобæмæ   Уæрæсеийы  Федерацийы æрдæм)   бауадзинаг у уыцы  цауы, кæд æмæ базайраджы   иугайон  аргъ нæу  750 евройæ  уæлдай.

Уыимæ  кæцыфæнды  таможнæйы операци, кæцы æххæст цæуы Гуырдзыстоны регистрацигонд компаниты æрдгæй  æмæ  базайраг аласынц  Уæрæсе Федерацийы кæнæ Белорусы  республикæмæ (уый нымæцы, экспорт æмæ реэкспорт сæрмагонд  таможнæйы контролы),   дæлбар у, сгæрст цæуы  алы  ахæм операци æмæ компанийы кæнæ продукцийы  санкциты  номхыгъды  уæвыны  цауы нæ  йæ цæуы  лæвæрд  операци  сыххæст кæныны бар.

Сакнциты сыххæсты æрдгæй, таможнæйы контролы  процедурæты фæдыл,  информиргонд у нæ  алы  партнер  уагдон æмæ æхсæнадæмон организаци.

Афтæма, уæлæмхасæй сгæрсты  дæлбар у базайраджы  равзæрæны  сертификаты  алæвæрды цауы, цæмæй Гуырдзыстоны территорийæ ма спайда кæной   фидаргонд санкциты иуфарс æрзилынæн.

Финансты  министрады  æфтиæгты  куыст  ноджы иу  хатт,  сиды  алкæмæ, сæхи фæуромой  бæстæйы   уæзты контролы фæдыл, æнæбæлвырд æмæ  бæстæйæн   знаггадгæнæг  информаци хæлиу кæнынæй», – банысангонд у   фидиуæны.