«ТВС Банк» - æххæст кæнæм æмæ архайæм уæвæг æхсæнаæдмон санкциты домæнтæм æмбæлгæйæ
«ТВС Банкы» хъусын кæнынц, цæмæй æххæст кæнынц æмæ архайынц фидаргонд санкцитæм æмбæлгæйæ.
«Мах æххæст кæнæм æмæ архайæм АИШ-ы, Евроцæдисы æмæ Иугонд Паддзахады снысангонд æхсæнадæмон санкциты домæнтæм æмбæлгæйæ» – фехъусын кодтой Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн «ТВС Банкы».
Гуырдзысотны Национ Банк Гуырдзыстоны раздæры сæйраг прокурроры, Отар Парцхаладзейæн санкцитæ сфидар кæнын фæдыл знон информаци фехъусын кодта. Национ Банкы куыд хуъсын кнынц афтæмæй, Гуырдзыстоны æмбæстагмæ нæй гæнæн баххæсса санкцитæ, кæд гуырдзиаг тæрхндоны йæ нызмæ æмбæлгæ хъуыддагыл не слæууыд зылынгæнæг тæрхоныскъуыд. Национ Банкы афтæдæр райхъусын кодтой, цæмæй Гуырдзыстоны Конституцийæ гарантиргонд Гуырдзыстоны æмбæстагы барты æмæ сæрибардзинæдты æххæстæй реализацидзинады нысанæн, Гуырдзыстоны Национ Банк бакуыста æмæ скусын кодта санкциты режимы сыххæсты уагы æмбæлгæ ивддзинад. Ивдтытæм гæсгæйæ, санкциты режим æххæссы гуырдзыстоны æмбæстагыл, кæд йæ ныхмæ æрбайсгæ санкцит бынудры фæдыл хаст у Гуырдзыстоны тæрхондонæй закъонæй йæ тыхмæ бахизæг зылынгæнæг уынаффæ; Гуырдзыстоны регистрацигонд юридикон уæнгыл кæцыйы хайы хицау у (сты) санкциргонд Гуырдзыстоны æмбæстаг (ææмбæстæгтæ), кæд фидаргонд санкциты бындуры фæдыл Гуырдзыстоны тæрхондон закъононæй йæ тхмæ бахизæг зылынгæнæг уынаффæ.