Æддагполитикон уагдон - Фауæм оккупацигонд Цхинвалы Регионы уагъд а.х. президентон æвзæрстыты дыккаг тур
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад дзуапп кæны æмæ фауы цæугæ азы 8 майы Уæрæсейы оокупацийы бын укæвæг Гуырдзыстоны сæрмагонд Цхинвалы регионы уагъд а.х. президентон æвзæрстыты дыккаг тур. Æддагполитикон уагдоны ахæлиугонд фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй, ахæм æнæзаконон архæйдтытæ йæ ныхмæ сты æхсæнадæмон барады фундаментон принциптæн æмæ нормæтæн æмæ тызмæг фауынц гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн йæ æхсæнадæмонæй нымад арæнты.
«Фæсарæн хъуыддæгты министрад сиды Уæрæсейы Федерацимæ, сцыт кæнæд Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн æмæ сыххæст кæнæт йæхимæ цы æхсæнадæмон хæстæ райста уыдон, сæ нымæцы 2008 азы 12 августы Евроцæдисы æхсæны бацыдæй бафыст æхст фæурæды фæдыл бадзырд.
Фæсарн хъуыддæгты министрад сиды æхсæнадæмон æмгарадмæ, цæмæй æмбæлон аргъ скнæт æмæ архайадон реагиркæнынад скæнæт Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинады ныхмæ арызт радон æнæзакъонон архайдыл» – банысангонд у Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны.
Развæлгъау информацийæ, оккупацигонд Цхинвалы а.х. президентон æвзæрстыты лидер у Гаглойты Алан.