Адвокат Страсбургы тæрхондоны Михеил Саакашвилийы хъуыддаджы деталтыл ныхасæй йæхи уромы
Гуырдзыстоны раздæры президенты, Михеил Саакашвилийы адвокат Шота Тутберидзе хъусын кæны, цæмæй Страсбургы тæрхондоны Саакашвилийы хуъыддаджы мидисыл комментари саразын йæ бон нæу.
Фарстыл зæгъгæ ис йæм æви нæ æнхъæлц,ц æмæй рæстæгмæ мадзалæй спайда кæндзæн тæрхондон, Шота Тутберидзе банысан кодта,ц æмæй ууыл ныхас нырма раджы у зæгъгæ.
«Нæу мæ бон зæгъын, уый фæдыл ныхас кæнын æгæр раджы у, æнæиу хатт райхъусын кодтам уæдмæ дæр, хъасты арвитыны рæстæджы, цæмæй нæ нысан у уый,ц æмæй Евротæрхондон хъуыддаджы кæсынмæ рывналæт, хъуыддаг æркæсæд лæмбынæг æмæ фæуынаффæ кæнæт, хæлд уыдис æви нæ евроконвенцийы æмбæлгæ стати. Нæ коммуникацийы мидисы тыххæй ницы зæгъдзынæн, уый ынмæцы нæдæр тæрхондон позицийы тыххæй исты зæгъын у мæ бон, уый нырма тæрхондон публикон не скода æмæ йæ нæ раргом кæндзыстæм мах дæр. Йæ рæстæгыл хъастимæ иумæ арвыстам алы уыцы документаци,к æцытæ нæ хъуыдымæ гæсгæ, æххæст æвдыстой Саакашвилийы æнæниздзинады уавæр æмæ афтæ архайын адарддæр кæндзыстæм» – райхъусын кодта Тутберидзе.