Адæмон барты хъахъхъæнæг – «Æмбырдты æмæ манифестациты фæдыл» закъоны ивддзинæдты бæрæг у дзырды æмæ æмбырды сæрибармæ интенсивон хи тъыссын
Адæмон барты хъахъхъæнæг Гуырдзыстоны парламенты «Æмбырды æмæ манифестацийы фæдыл» Гуырдзыстоны законы плангонд ивддзинæдты кой кæны æмæ нымайы, цæмæй бавдыст проектæй бæрæг у дзырды/æмбырды сæрибардзинадмæ интенсивон хи тъыссын, кæцы арæн кæны хъуыды разæгъын рæстæгмæ конструкциты (дæнæн, халагъуды) сывæрыны фæрцы.
«Демократон дзыллæйы хъуыды равдысты сæрибардзинады афтæ интенсивонæй арæнкæнын гæнæн ис æрмæстдæр нысаниуæгджын инетерес бахъхъæдæй сраст кæнын, кæцы фæнысангонд закъонопроектæй бæрæг нæу.
Ивддзинæдтæй тобæгонд уыдзæн æмбырды æмæ манифестиацийы хайадисджытæн рæстæгмæ конструкцитæ саразын 5 гæнæн бындурæй, кæцы адæмон хъахъхъæнæгы хъуыдымæ гæсгæйæ, нæу æгъгъæд проектæй бавдыст арæнæвæрдты сфидар кæнынæн.
Адæмон барты хъахъхъæнæгы дзырдæй, архайæг нормæтæ нырид сæ хъуыдыйы дарынц ахæм тасы цауы æмбæлгæ реагиркæныны фадат æмæ ацы æрдгæй уæлæмхас тобæтæ сфидар кæнын æнæхъуаджы у. Уæлдайдæр уæд æмæ закъонопроект, уæрæх интерпретацийы фадат дæтты», – банысангонд у адæмон барты хъахъхъæнæгы апараты информацийы.