Ацы аз Тбилисобайы бæрæгбойнон мадзæлттæ нал ацæудзæн
Ацы аз Тбилисобайы бæрæгбойнон мадзæлттæ нал ацæудзæн

Ацы  аз  Тбилисобайы  бæрæгбонимæ баст  мадзæлттæ   нæ  ацæудзæн,  – уый  фæдыл  сæйраг горæты мэр  Каха Каладзе фехъусын кодта.

Каладзе  куыд банысан кодта,  афтæмæй,  уæвæг уавæрмæ гæсгæйæ,   Тбилисобайы  мадзæлттæ нал  ацæудзысты  зæгъгæ.

«Ахицæн кодтам,   Тбилисобайы  мадзæлттæ мауал  ауадзæм. Тбилисоба  цыдис  октябры  фыццаг сабат-хуыцаубон æмæ  ныр сырæзт уавæрмæ гæсгæ,   тыхыбын стæм  ацы   мадзæлттæ  аивын.   Махæн нысаниуæгджын у  адæймаг,  адæймаджы  цард æмæ æнæниздзинад.  Уымæ гæсгæ дæр  Тбилисоба ацы  аз  не сбæрæгбон кæндзыстæм.  Бакусдзыстæм  культурæйы  куыстимæ, цæмæй спълан кæнæм  æрмæст концерттæ,  кæцытæ  æрмæстдæр лайв-режимы адæтдзыстæм.  Махæн сегасдæр ахсджиаг у адæймагы æнæниздзинад  æмæ  æдасдзинад»,- загъта Каха Каладзе.