Абонæй автомобильты, кæцытæ техникон сгæрст  нæ  ацыдысты, фæивар кæндзысты  «зондджын» камерæтæ
Абонæй автомобильты, кæцытæ техникон сгæрст нæ ацыдысты, фæивар кæндзысты «зондджын» камерæтæ

Абонæй   автомобильты, кæцытæ техникон   сгæрст  нæ  ацыдысты,  фæивар кæндзысты  «зондджын» камерæтæ.  ИНформацийы  уый  фæдыл  Мидхъуыддæгты министрад хæлиу кæны.

МХМ-ы  хъусинагæй,   автотранспортон   фæрæзты   хицæуттæ  мхм-ы  лæккады  агентады   пайдагæнджыты  телефонон  бæрæггæнæнты  базæйы фиксиргонд   телефоны  номырыл райсдзысты цыбыр текстон хъусинаг   видео-ивары  рафыссыны тыххæй.  СМС-райсынæй  10  боны  æмгъуыдмæ ивары бафидыны цауы, æмбæстаг пайда кæны 20%  уæлбарæй. Уыцы цауы  кæдæ æмæ гоймаг видео-ивары, смс-райсынæй  10  боны æмгъуыдмæ нæ бафиддзæн, уæд ивары   къуитанц, регистрацийы  бынатмæ  гæсгæ,   уымæ  æрвыст æрцæудзæн посты  руаджы, æрмæст видео-вары регистрацийы  бинатмæ гæсгæ  æнæрайсты  цауы,  30-æй  60  боны  æмгъуыдмæ, гоймагмæ  фæлхатгæ  æрвыст æрцæудзæн.

Ивары  къуитанцы  посты руаджы    дыууæ  хатт арвитын ææм ææнæрайсты  цауы,   Гуырдзыстоны  мидхъуыддæгты министрад,  ивары   къуитанцы   æхсæнадæн æргомæй  публикаци скæндзæн    официалон веб-фарсыл.

Фæнысангонд  æгъдау  скуыста 2017 азы  фыцццаг ноябрæй йæ  тыхмæ цы регуляци бацыд уый  бындурыл,  кæцымæ гæсгæ  дæр, видео-ивары   къуитанцы министрад официалон   веб-фарс – police.ge-ыл  æргомæй  публикацийы уагъд цæуы.

МХМ-ы  хъусинагæй,   æппæт Гуырдзыстоны масштабæй  ныридæгæн смонтаж сты   æмæ эффективон куыст кæнынц  1 441 видео-камерæ,  кæцытæ  министрады  иууон хызагмæ ифтыгъд  сты.

Ацы рæстæгмæ  видеокамерæтæ  Тбилисы  æмæ  Гуырдзыстоны æндæр æмæ æндæр  муниципалитетты территориыл сты  монтажгонд.

2019 азы  фыццаг январæй   алы хуызы   автотранспортон  фæрæзты  техникон   сгæрст æнæмæнгхъæугæ  ссис.