Абон бæстæйы  вакцинацийы процессы фыццаг серьозон фæрссаг реакци фæбæрæг ис
Абон бæстæйы вакцинацийы процессы фыццаг серьозон фæрссаг реакци фæбæрæг ис

Низты контролы  Националон центры   къухдариуæггæнæг   Амиран Гамхърелидзейы информацийæ, абон  бæстæйы вакцинацийы  процессы фыццаг   серьозон  фæрссаг реакци  фæбæрæг ис.

«Абон фæбæрæг ис  фыццаг серьозон фæрссаг реакци, фæкарз вакцинацийы фæстæ.  Зондзыстут, цæмæй  вакцинаци  æмæ  кæцыфæнды  хосæн  вæййы фæрссаг  реакци,. Вакцинæтæн ис  рог фæрссаг  реакци æмæ  дзы  вæййы  серьозон   дæр, секгасдæр серьозон та   у,  хос кæнæ вакцинæ саразынæй виппайды  куы фæкарз вæййы –  анафилаксикон реакци,  кæцы  сæвзæры  инъекцийæ 15-20  минутмæ,  фæлæ  гæнæн ис  ноджы фæстæдæр рабæрæг уа. Бæрæг у цæмæй  уыцы вакцинæтыл, кæцытæй  адæймагад фæлхас кæны   сывæллæтты вакцинацийæнг,  анафилаксикон  реакци вæййы   милуаны мидæг иу хатт»  астæуккаг бæрæггæнæн ахæм у»,- райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   анафилаксикон  реакци  гæнæн ис   рогæй  ацæуы, гæнæн ис зынтæй, æмæ  гæнæн ис  фаталонæй  дæр фæуа.

Ахалцихейы  абон коронавирусы ныхмæ  вакцинæ саразыны фæстæ  иу медицинон хо йæхи взæр фæхатыд. Цау «Имедийы Клиникæйы»  абон æрцыд.  Дохтыртæ  куыд дзурынц афтæмæй,   30  азы онг кары   сылгоймагы уавæр  уæззау у.  Бынатыл уыд быцæудзинад дæр, сылгоймагы   хæстæджытæ  клиникæйы  æвгтæ ныцъцъæл кодтой. Клиникæйы цур  ацы рæстæгмæ  сты  барадхъахъхъæнджытæ.