7,3 магнитудæйы тыхы зæххæнкъуысты амæттæгты нымæц Ирак æмæ Ираны 328-ы онг райрæзт. Зианбаййафджыты нымæц 2500-æй ахызт. Бæрæггæнæнты хæлиу кæны телеуынынад «Аль-Джазира». Рынчындоны уæвæг 380 зинабаййафæгы уавæр уæззау у.
АИШ_ы геологион куысты информацийæ, 7,3 магнитудæйы æсхуыстытæ, бынæттон рæстæгæй, изæры 09:18 сахатыл сырæзт. Эпицентр уыд Иракы Курдистаны регионы территорийыл уæвæгс ахар Халабджайы.
Сегасæй фылдæр стихий базиан кодта Ираны Кирманшахы провинцийы. Сеппæтæй фылдæр адæймаг фæхъуыд Ираны сахар Сарпол-Захабы.
Зæххыбын æсхуыстытæ рахатыдысты Зæххастæу денджызы донбылыл, Турчы, Израиль æмæ Кувейты.