7.3 магнитудæйы зæххæнкъуысты амæттаг фесты 328 адæймаг
7.3 магнитудæйы  зæххæнкъуысты  амæттаг фесты 328  адæймаг

7,3 магнитудæйы тыхы   зæххæнкъуысты амæттæгты нымæц  Ирак æмæ Ираны 328-ы онг  райрæзт.  Зианбаййафджыты  нымæц 2500-æй  ахызт.  Бæрæггæнæнты  хæлиу кæны телеуынынад «Аль-Джазира».  Рынчындоны уæвæг 380  зинабаййафæгы уавæр  уæззау  у.

АИШ_ы геологион  куысты  информацийæ,  7,3 магнитудæйы  æсхуыстытæ,  бынæттон рæстæгæй,  изæры 09:18  сахатыл сырæзт.   Эпицентр уыд  Иракы  Курдистаны   регионы территорийыл уæвæгс ахар  Халабджайы.

Сегасæй фылдæр стихий  базиан кодта Ираны  Кирманшахы  провинцийы.  Сеппæтæй  фылдæр адæймаг фæхъуыд  Ираны сахар  Сарпол-Захабы.

Зæххыбын æсхуыстытæ  рахатыдысты  Зæххастæу денджызы  донбылыл, Турчы, Израиль æмæ Кувейты.