6-7 апрелы Брюсселы ацæудзæн НАТО-ы фæсарæн хъуыддæгты министериал
6-7 апрелы Брюсселы НАТО-ы фæсарæн хъуыддæгты министериал ацæудзæн, кæцымæ хуынæд у Гуырдзыстон дæр.
НАТО-ы ахæлиугонд информацийæ, дыууæбонон министериалы фыццаг бон, 6 апрелы альянсы уæнг бæстæты фæсарæн хъуыддæгты уагдæтты къухдариуæггæнджытæ кусæн сихоры режимы фæуынаффæ кæндзысты, 7 апрелы та цæгататлантикон советы рабадт дыууæ сессийæ ацæудзæн.
Альянсы уæнгтæй уæлдай фембæлдмæ хуынд сты Автсралийы, Финляндийы, Гуырдзыстоны, Японийы, Кореяйы, Ног Зеландийы, Швецийы æмæ Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министртæ, афтæ куыд евроцæдисы бæрзонддæр минæвар æддагон политикæ æмæ æдасдзинады фарстаты.