2008 азы Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты хъуыддагыл уынаффæйы фæдыл Страсбургы тæрхондон абон фехъусын кæндзæн
2008 азы хæсты фæдыл, хъуыддагыл «Гуырдзыстон Уæрæсейы ныхмæ» уынаффæ, Страсбургы тæрхондон абон рахæсдзæн.
Хъуыддаджы фæдыл хъусын Тбилисы рæстæгæй 14:00 сахатыл райдайдзæн, 15:00 сахатыл та Гуырдзыстоны юстицийы министр Гоча Лорткипанидзе фæнысангонд фарстыл ауадздзæн брифинг.
Гуырдзыстон августы хæсты хъуыддагыл Уæрæсейы зылынджын кæны Европаг конвенцийы бирæ статийы халыны.
Гуырдзыстоны юстицийы министрады хъусинагæй, сæ нымæцы сты: царды бар; хъизæмары, æнæтæригъæд кæнæ джелбет æфхæрæг ахаст кæнæ æфхæрды тобæ; сæрибардзинады æмæ æдасдзинады бар; хисæрмагонд æмæ бинонты царды хъахъхъæдады бар; сæрмæмулкы бар æмæ æнд. (Æххæстæй: царды бар (2-æм стати); хъизæмары, æнæтæригъæд кæнæ джелбет æфхæрæг ахаст кæнæ æфхæрды тобæ(3-æм стати); сæрибардзинады æмæ æдасдзинады бар(5-æм стати); хисæрмагонд æмæ бинонты царды хъахъхъæдады бар (8-æм стати); барадон хъахъхъæды архайды фадаты бар (13-æм стати); сæрмæмулкы бар (фыццаг уæлæмхас протоколы фыццаг стати); ахуыры бар (фыццаг уæлæмхас протоколы дыккаг стати); уæгъдибарæй дыууæрдæм змæлды бар( 4-æм уæлæмхас протоколы 2-æм стати).
«Æндæр æмæ æндæр рæстæджы Страсбургы тæрхондонмæ Гуырдзыстонæй бавдæстуыд 700-ы онг бæлвырдгæнæн, сæ нымæцы: видео æмæ фото æрмæджытæ, радарты бæрæггæнæнтæ, экспертты хатдзæгтæ, цæстдарæн камерæты ныффыстытæ, стындты бæлвырдгæнæнты сейсмон станцæйы арызт ныффыстытæ; цæстæйфенджыты æвдисæндзырдтæ, сателлитон къамтæ, медийы æрмæджытæ, æхсæнадæмон организациты хыгъдлæвæрдтæ, тилифонæй дзырдты сусæг байхъуысты ныффыстытæ, саперон амлæтты фæдыл хыгъдлæвæрдтæ, Гуры цы «Искандер» срæмыгъдис уый хæйттæ æмæ сыл арызт экспертизæйы хатдзæгтæ æмæ æнд.) æмæ ноджы бирæ документтæ æмбæлгæ анализимæ æмæ аргументтимæ» – хъусын кæнынц юстицийы министрады.
Гуырдзыстоны юстицийы министрады хъусинагæй, 2016 азы 17 июны Гуырдзыстоны хицауад 2015 азы бавдыст фыстæй позицитæ бацахуыры, Страсбургы адæймаджы барты Европаг тæрхондоон, æмтгæй райсгæйæ 33 æвдисæнмæ байхъуыста (æвдисæнтæм фæсидтысты куыд Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы æрдгæй, афтæ Страсбургы тæрхондоны инициативæйæ).
2018 азы 23 майы Страсбургы тæрхондоныацы хъуыддагыл хъусын, кæцыйы фæлгæтты Гуырдзыстон йæ фидар порзицитæй æмæ бæлвырдгæнæнтæй ралæууыд.
Фыццаг хъаст хъуыддагыл, Европаг тæрхондонмæ, Гуырдзыстоны бахаста 2008 азы 11 августы æмæ æрдомтта рæстæгмæ амал райсын. Æрмæст æхсæнпаддзахадон хъаст бавдыст æрцыд 2009 азы 6 февралы. 2011 азы 13 декабры тæрхондон, Гуырдзыстоны хъаст райсинагыл банымадта.