Гуырдзыстоны генералон прокуратурæ 20-21 июны фæзындты тыххæй, мидхъуыддæгты министрады сæрмагонд хæслæвæрдты департаменты ноджы иу кусæгы æрцахста – уый фæдыл генералон прокуратурæйы брифингыл прокуррор Кока Кацитадзе райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, МХМ-ы кусæг йæ кусæн æххæстбартæ фæуæлдайджын кодта.
«Бæрзонд дзыллæон интересы зæрдылдаргæйæ уын хъусын кæнæм, цæмæй 20-21 июны, Гуырдзыстоны парламенты бæстыхайы алфæмбылай территорийыл уагъд акцийы хицæн хайадисæгы æрдæм барадхъахъхъæнджыты æрдгæй, æххæстбарты гæнæн фæуæлдайджын кæныны фактыл цæугæ фæдæвзарæны фæлгæтты райст бæлвырдгæнæнты бындурыл Гуырдзыстоны прокуратурæ мидхъуыддæгты министрады сæрмагонд хæслæвæрдты департаменты ноджы иу кусæгы æрцахста.
Фæдæвзарæны фæстиуæгæн райст бæлвырдгæнæнтæй бæрæг у, цæмæй 2019 азы 21 июны, Руставелийы проспектыл, æхсæнадон сæрфат сног кæныны æрдæм уагъд мадзæлтты сæххæсты рæстæджы, сæрмагонд хæслæвæрдты департаменты кусæг.ю æхсæнгарзæй спайдайæ, йæ кусæн бæххæстбартæ фæуæлдайджын кодта, сæрмагондæй та фехæлдта, специалон амæлттæй пайдакæныны закъонæй бæрæг æгъдау æмæ æнæниздзинад базиан кодта акцийы дыууæ хайадисæгæн.
Зылынгæнæг фарс куры тæрхондонæй, ахæсты ныхмæ, æфхæрды хуызæй ахст стæрхон кæнын.
Афтæдæр банысан кæндзыстæм, цæмæй 20-21 июны акцийы хицæн хайадисджыты æрдæм барадхъахъхъæнджыты æрдгæй, æххæстбарты гæнæн фæуæлдайджын кæныны фактыл интенсивон фæдæвзарæн дарддæр кæны. Бæрзонд æхсæнадон интересы тыххæй, Гуырдзыстоны генералон прокуратурæ фæдагуырды фæстиуджытæ, этапгай базонын кæндзæн дзыллæйæн» – банысангонд у прокуратурæйы фидиуæны.