Европарламент  Гуырдзыстоны фарсхæцæг резолюци райста
Европарламент Гуырдзыстоны фарсхæцæг резолюци райста

Скæсæн Партнерады  самиты  онг фараст бонæй раздæр,    Европарламент  райста резолюци,  кæцы  ассоциацигонд  уæнгты  Гуырдызстоны, Украинæ æмæ   Молдовæйы  фæдылдзог интеграцийы фарсхæцæг у.  Критериты сæххæсты  фæстæ, партнерты  Шенгены æмæ  иууон  таможнæты цæдисы  уæнгсуæвыны вварс  схъæлæс кодтой  519  депутат. Хъæлæскæнынады  фæстиуджытæм гæсгæ,   йæ ныхмæ рацыд  114  депутат æмæ  47 парламентар та  халæппæрсты  хайад нæ райстой.

Резолюци  абон æрвыст æрцæудзæн  Европæйаг камисмæ  æмæ Европæйаг Советмæ.

Европарламентартæ афтæдæр, Скæсæн партнерады  саммиты размæ   æрцæттæ кодтой рекомендацитæ.   Рекомендациты мидæг дзырдæуы «Скæсæн партнерады»  æртæ ассоциацигонд  уæнг бæстæйы, Гуырдзыстон, Украинæ æмæ Молдовæйæн æххуысы  фæфылдæр кæныны  æнæмæнгхъæуæгдзинады фæдыл. Европаламентартæ  рацыдысты инициативæйæ,  бындурæвæрд æрцæуа  инвестицион   фонд, кæцы  ацы паддзахадты  астæуккаг æмæ лыстæг  бизнесы  райтынгæн   баххуыс кæндзæн.

Европаламенты  саммиты  фæдыл   резолюцийыл  дебаттæ  14 ноябры  ацыдысты.  Дебатты   размæ,   европарламентар  Лайма  Андрикиене   Фыццаг Каналæн  расидтис, цæмæй   кæд æмæ  скæсæн партнерады   саммиты  деклараци  нæ уыдзæн ног динамикæйы разуавæр,  уымæ нæ фæбæрæг уыдзысты ахсджиаг элементтæ,  нæ  уыдзæн  политикон   цæстæнгас,  уæд  уымæй фæбæрæг уыдзæн,  цæмæй  евроцæдис нæу амалхъом æмæ хуымæтæгæй сафы  рæстæг.

Скæсæн партнерады саммит 24 ноябры Брюсселы ацæудзæн