Премьер-министр, Мамука Бахтадзе æмæ Михеил Чхенкелийы министртæй снысан кæныныл къух абон бафысдзæн
Гуырдзыстоны премьер-министр ацы сахат фембæлд аразы Мамука Бахтадзе æмæ Михеил Чхенкелиимæ.
Фембæлд æхкæд форматы уагъд цæуы хицауады администрацийы.
Гиорги Квирикашвили абон уагъд брифингыл финансты министрæй сæвæрдта Мамука Бахтадзейы, æрмæст ахуырады министры бынатмæ та бавдыста Михеил Чхенкелийы.
Бахтадзейы æмæ Чхенкелийы министртæй снысан кæныныл, премьер йæ къух абон бафысдзæн. Цух нæу, цæмæй премьер афтæдæр абон рафысса йæ къух мидхъуыддæгты министрæй Гиорги Гахариайы снысан кæныныл.
Афтæма, хицауады ног скондæн æнæмæнгхъæугæ уыдзæн æууæнк расидын структурон ивдтыты фæстæ.