Премьер-министр, Мамука Бахтадзе æмæ Михеил Чхенкелийы министртæй снысан кæныныл къух абон бафысдзæн
Премьер-министр, Мамука Бахтадзе æмæ Михеил Чхенкелийы министртæй  снысан кæныныл къух абон бафысдзæн

Гуырдзыстоны  премьер-министр  ацы сахат  фембæлд аразы  Мамука  Бахтадзе æмæ  Михеил Чхенкелиимæ.

Фембæлд æхкæд форматы уагъд цæуы   хицауады администрацийы.

Гиорги Квирикашвили   абон уагъд брифингыл  финансты  министрæй сæвæрдта Мамука Бахтадзейы,  æрмæст ахуырады  министры бынатмæ та бавдыста Михеил Чхенкелийы.

Бахтадзейы  æмæ Чхенкелийы  министртæй  снысан кæныныл, премьер йæ къух абон  бафысдзæн.  Цух нæу, цæмæй  премьер  афтæдæр абон   рафысса йæ къух   мидхъуыддæгты  министрæй  Гиорги Гахариайы  снысан кæныныл.

Афтæма, хицауады   ног скондæн æнæмæнгхъæугæ уыдзæн æууæнк  расидын структурон ивдтыты  фæстæ.