Премьер-министры инициативæйæ Гуырдзыстоны план кæны  ног аэропорты арæзтад
Премьер-министры инициативæйæ Гуырдзыстоны план кæны ног аэропорты арæзтад

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы  фидиуæнæй,   Гуырдзыстоны, Вазианы  аэродромы   территорийыл  ног аэропорты  арæзтад план кæны.

Хицауады  абоны рабадтыл  Гаърибашвили  куыд райхъусын кодта афтæмæй,  уый у амбицион, фæлæ   иттæг хъæугæ  уынаффæ.

Уыимæ, Ираклий Гъарибашвили  фæныхас кодта   уæвæг   аэропорты ауæрæхы  фарстайыл дæр.  Йæ мбарынгæнæнмæ  гæсгæйæ, уæвæг   аэропорты   райтынгы  æмæ   ауæрæхы  фадат   тынг   чысыл у. Уымæ æмбæлгæйæ  дæр. Боны фæткы   ног  аэропорты   арæзтады  фарста  слæууыд.

«Уый хъуамæ  уа   транзитон-логистико  æмæ  нырыккон   бæлццоныл нымад  æхсæнадæмон классы аэропорт. Афтæма  нын уыдис ныхас  «Карго  Терминалты» арæзтадыл  æмæ а.д. Уый фæдыл   деталонæй  нын уыдзæен  уынаффæ  æмæ æхъуыды кæнын,  уый у  тынг амбицион, фæлæ   хъæугæ  проект  бæстæйæн.   Цæй зæгъын æй хæъуы  цы аэропорт нын ис уый, абоны æркуырдтæм æмбæлон у, фæлæ  нæ  кæд фæнды сплан кæнæм  æмæ  дæргъвæтин проектыл  уа нæ цæст, уый тыххæй  хъæуы  хуыздæр проекты, ног амбицион проекты сыххæст. Фæстаг азты  дæргъы   нæ цæст дарæм, цæмæй  бæстæйы  бæлцæтты къада   зæгъæн ис  30%-он  рæзт ис  æрвылазонæй, цæй  зæгъын æй хæъуы  уый тынг дзæбæх у.  Афтæма  Гуырдзыстоны аэропорттæй  цæуынц комкоммæ  тахтытæ   дунейы  58 горæтмæ æмæ регулярон  дыууæрдæм рейста ис  дунейы 31 бæстæйимæ.  Уый тыххæй  ныр мах райдайдзыстæм бацахуыр,  æркæндзыстæм   дунейы акæнæг  авиаион-консультацион компнаиты, баиу сæ кæндзстæм, ауадздзыстæм   тынг деталон   иртасæн  æмæ уый фæстæ  райсдзыстæм  кæронбæттæн уынаффæ.  Тбилисы æмæ бæстæйæн хъуамæ уа иуæй-иу  сеппæтæй хуыздæр аэропорт» – райхъусын кодта Гъарибашвили.