24 марты премьер-министрмæ æмæ фæсарæн хъуыддæгты министрмæ парламенты интерпелляцийы уагæй хъусдзысты
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилимæ æмæ фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвилимæ майрæмбон, 24 марты, парламенты интерпелляцийы уагæй хъусдзысты.
Уый фæдыл парламенты бюройы абоны рабадтыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили райхъусын кодта.
Афтæма йæ дзырдæй, 23 марты плангонд у «Министры сахаты» форматы, финансты министрмæ хъусын.
«Базонын уын кæндзынæн, цæугæ къуырийы ранывæзт. Райсом традиционæй уыдзæн политикон фидиуæнтæ, стæй та закъонопроектты кæсын. Æртыццæджы проектты фæдыл афтæдæр уыдзæн коммуникациты комиссийы хыгъдлæвæрдмæ хъусын. Афтæма комитеттæй курæг дæн, бавдисат хыгъдлæвæрдтæ, цы ма дзы баззадис уыдон. Цыппæрæмы уыдзæн финансты министры сахат, майрæмбон премьер-министры æмæ фæсарæн хъуыддæгты министры итерпелляцитæ», – банысан кодта Шалва Папуашвили.