Лайма Андрикиене – Стыр ныфс мæ ис, Гуырдзыстоны, Украинæ æмæ Молдовæйы европæйаг тырнынад, 24 ноябры саммиты декларацийы æрцæудзæн æвдыст
Стыр ныфс мæ ис, цæмæй Гуырдзыстон, Украинæ æмæ Молдовæйы Европæмæ тырнынад, инвестицион фонды сырæзт æмæ фидæны перспективæты фæдыл, конкретон къахдзæфтæ фæбæрæг уыдзысты Скæсæн Партнерады 24 ноябры саммиты декларацийы – уый фæдыл Фыццаг Каналæн европарламентар Оайма Андрикиене, европарламент фæнысангонд бæстæты фарсхæцæг резолюци куы райста уый фæстæ фехъусын кодта.
«Халæппæрсты фæстиуджытæй зæрдæрухс дæн. Æвзæры ницы æнхъæл уыдтæн. Ацы резолюцйæ европарламент йæ ныхас загъдта æмæ равдыста цæмæй куыд уыны Скæсæн партнерады инициативæйы фидæны уый»
Скæсæн Партнерады самиты онг фараст бонæй раздæр, Европарламент райста резолюци, кæцы ассоциацигонд уæнгты Гуырдызстоны, Украинæ æмæ Молдовæйы фæдылдзог интеграцийы фарсхæцæг у. Критериты сæххæсты фæстæ, партнерты Шенгены æмæ иууон таможнæты цæдисы уæнгсуæвыны вварс схъæлæс кодтой 519 депутат. Хъæлæскæнынады фæстиуджытæм гæсгæ, йæ ныхмæ рацыд 114 депутат æмæ 47 парламентар та халæппæрсты хайад нæ райстой.
Резолюци абон æрвыст æрцæудзæн Европæйаг камисмæ æмæ Европæйаг Советмæ.
Скæсæн партнерады саммит 24 ноябры Брюсселы ацæудзæн.