Гиорги Онианийы  тæрхоны  залы  æрцахстой
Гиорги Онианийы тæрхоны залы æрцахстой

Адвокат  Гиорги Онианийæн  стæрхон кодтой  ахст 4 аз  æмæ 6  мæйы æмгъуыдæй. Тæрхоныскуыд  Тбилисы сахарон тæрхондоны цалдæр минуты размæ  райхъусын кодтой.  Гиорги Онианийы  æрцахстой тæрхоны  залы.

Гога Онианийы    фæдæвзарæг  уагдон азымджын кæны йæ кусæн барты   фæфылдæры,  бæлвырдгæнæнты  фальсификацийы,  политикъон нысанæй хъомыс дарынады  æмæ   гоймагæн  сæрибардзинад æнæзакъононæй сæмбонд кæнны.

Фæдагуырды информацийæ, 2011 азы Ониани  полицийы  иуæй-иу  уагдоны   куы куыста уæд,   хъауджыдæргонд политикон  зондахасты   тыххæй,  райдыдта Леван Мдинарадзейы сурын,  кæцыйы  æрцахстой   æнæ барадон бындурæй.  Прокуратурæйы  хъусинагæй,  фæмæнг кодтой  бæлвырдгæнæнтæ, Ониани фæдагурæгæн  бавдыста   наркотикон  фæрæз марихуана  æмæ  йын бахæс кодта Леван Мамаладзейы  хъуыддаджы  æрмæджыты сфиксир кодтаит,  наркотикон буарады  сисыны   факт.