Бритайнаг прессæ -  Гуырдзыстон фæтыхджындæр кодта Æхсæз Нацийы турниры организатортыл  æлхъывд
Бритайнаг прессæ - Гуырдзыстон фæтыхджындæр кодта Æхсæз Нацийы турниры организатортыл æлхъывд

Уэльсы æмæ  Гуырдзыстоны тест-матчы  фæстæ, Бритайнаг  прессæйы  аргълæвæрд  æрхæццæ ис иу сæйраг хъуыдымæ –  Гуырдзыстон  ноджы  фылдæр баввахс ис Æхсæз Нацийы турнирмæ.

BBC

«14 ног  регбистæй  Уэльсы фæндыд  æнцонтæй  рамбулын  æмæ уымæй  тæлмæн скæнын Ног Зеландиимæ матчы размæ, фæлæ Уоррен  Гетландæн йæ  эксперимент  фæкъуыхцы ис».

«Гуырдзыстоны æмбырдгонд, кæцы  рейтингы  Италийæ уæлдæр лæууы, йæ  хъорз хъазтæй  фидардæр кæны йæ æркуырд Æхсæз Нацийы  турнирмæ æруадзыны фæдыл».

Daily Mail

«Гуырдзыстоны æмбырдгонд матчы эпизодты ныссæста   Уэльсы  æмæ дыккаг таймы  тынг  æнтыстджынæй хъазыд  хъæхъхъæды рæстæджы.

Æнæкæсгæ  фембылдмæ, Гуырдзыстоны æркуырд  Æхсæз Нацийы  турнирмæ руадзыны фæдыл, ноджы  хъæрæй  дæр айзæлдис».

The Telegraph

«Гуырдзыстон хæстæг уыдис  регбийы историйы  дыккаг  стыр  сенсацимæ (фыццаг  уыд 20156 азы  дунейы  чемпионатыл  Япони Хуссар Африкæйæн куы рамбылдта уый)

«Ацы матчы фæстæ   райрæзтис æхълывдад  Æхсæз Нацийы  турниры  организатортыл».

«Уэльс тынг  тагъд хъуамæ ферох кæна  ацы  уæлахисдзинад  æмæ  ахъуыды  кæна Ног Зеландиимæ  матчыл».

«Раздæры   советон  бæстæ, фæстаг  10  азы мидæг  стыр  прогресс равдыста  æмæ  ныр, реалонæй  тох кæны  Цæгат  æрдæгсферæйы  регбийы  элитамæ  баиу кæныны тыххæй.  Амбицион  гуырдзиæгтæ хорз пайда кæнынц  тест-матчыты хуызæй лæвæрд шансытæй».

«Алкæмæй  стыр  скептик  дæр никуы ахъуыды кодтаит, цæмæй Уэльс афтæ  тухæн кодтаит  йæ уæлахисдзинад   химæ æруадзынæн».

 

Кардифы, Уэльсы сæйраг стадионыл, Уэльс-Гуырдзыстоны  регбийы матч фæцис хыгъдæй 13:6.