Афгъанистаны «Талибаны» ахæстонæй 30 адæймаджы ссæрибар кодтой. Агентад «Ройтерс» куыд хъусын кæны афтæмæй, Хелманды провинцийы спец-операцийы Афгъанистаны æмæ фæсарæн бæстæты спецнасаниуæгы балтæ иумæ сæххæст кодтой. Мадзлы фæстиугæн, ахæстоны уæвæг иууыл цъус 30 адæймаг ссарибар кодтой.
Навзады провинцийы уагъд операцийы рæстæджы, ахæстонæй ракодтой 4 сывæллоны, кæцыты кар 12 азæй фылдæр нæ уыд. Бынæттон хицауад куыд хъусын кæны афтæмæй, «талибаны» уæнгты ахст адæм, æнæзаконон ахсты фесты афгъайнаг æфсæддæттæн кæй æххуыс кодтой уый тыххæй.
Змæлд «талибан»-ы пресс-спикер та информацийыл нæ басастис, æмæ загъта цæмæй ахæстоны зæгъгæ, криминалтæ бадтысты.