Афгъанистаны «Талибаны» ахæстонæй ссæрибар кодтой 30 адæймагы
Афгъанистаны «Талибаны» ахæстонæй ссæрибар кодтой 30 адæймагы

Афгъанистаны  «Талибаны»  ахæстонæй  30 адæймаджы ссæрибар кодтой.  Агентад  «Ройтерс»  куыд хъусын кæны афтæмæй,   Хелманды  провинцийы  спец-операцийы Афгъанистаны  æмæ фæсарæн бæстæты спецнасаниуæгы балтæ иумæ  сæххæст кодтой. Мадзлы фæстиугæн,  ахæстоны уæвæг  иууыл цъус 30  адæймаг ссарибар кодтой.

Навзады  провинцийы  уагъд  операцийы  рæстæджы, ахæстонæй  ракодтой 4 сывæллоны,  кæцыты кар  12 азæй фылдæр нæ уыд.  Бынæттон хицауад куыд хъусын кæны афтæмæй,   «талибаны»  уæнгты ахст  адæм,  æнæзаконон ахсты фесты афгъайнаг æфсæддæттæн кæй æххуыс кодтой уый тыххæй.

Змæлд «талибан»-ы пресс-спикер та  информацийыл нæ басастис, æмæ  загъта цæмæй  ахæстоны  зæгъгæ, криминалтæ бадтысты.