«Змæлд Сирцхвилиа»-ы уæнгтæ МХМ-æ рафарстмæ бацæуын нæ хъавынц
«Змæлд Сирцхвилиа»-ы уæнгтæ МХМ-æ рафарстмæ бацæуын нæ хъавынц

«Змæлд  Сирцхвилиа»-ы  уæнгтæ рафарстмæ   рацæуын нæ хъавынц.  Змæлды  уæнгтæм  барадхъахъхъæнынадон   процесс райдаыны нысанæй, мидхъуыддæгты министрадмæ  фæсидтысты.  Дзырæдуы  6-7 февралы  айтынгондд фæзындты æмæ  протестон рацыдты фæдыл.

Змæлды уæнгтæ  коменданты сахаты фæтк фехæлдтой, цæй тыххæй дæр цыппар   уæнгы фæдæвзарæг уагдонмæ фæсидтысты.  Сæ ныхæстæм гæсгæ,   растдæр уагдоны сын хъуамæ базонын кæной  информаци, уыдонæн   цы ивартæ рафыстой  уый фæдыл. Гига Макарашвилийы фидиуæнæй,   змæлды  иунæг уæнг дæр МХМ-æ  бацæуын нæ хъавынц.  Уыдон та  план кæнынц  коменданты сахат сыхалын  æмæ  нæ цух кæнынц уый дæр, цæмæй  уый фæстæ сæ ныхмæ тугтæрхоны  хъуыддаг  рахæссой рæгъмæ.