Серж Саргсян - Мæ премьерæй уæвыны ныхмæ у уынджы змæлд, æз та уын уе ‘ркуырд æххæст кæнын
Сомихыстоны премьер-министр Серж Саргсян йæ куыстуагъды фæдыл фидиуæн ахæлиу кодта.
Фидиуæны мидæг куыд у банысангонд афтæмæй, уый уадзы йæ куыст бынат æмæ дзуры, цæмæй Сомихыстоны оппозицийы лиер Никол Пашинян зæгъгæ раст уыдис.
«Дзурын алкæмæн чидæриддæр æхсæв-бонмæ лæууынц уынджы, «Зæгуът Сержæн нæ!» æмæ уыдонæн дæр кæцытæ тыхмæ фыдæй бахæццæ вæййы йæ куыстмæ, цææмй сæххæст кæной сæ хæс. Дзурын алкæмæн, чидæриддæр æнæзхæн бонты дæргъы цæст дарттой комкоммæ эфирмæ æмæ уыдонæн, чидæриддæр æхсæнадон фæткæвæрд хъахъхъæнынц. Дзурын уыдонмæ дæр, хæстонтæн æмæ офицернтæн арæныл, дзурын уыдонæн чидæриддæр иумæ тох кодтой æмæ фемгар сты. Дзурын æмпартиæгтæм, алы политикон тых æмæ архайæгæн. Фæстаг хатт уæм сидын, куыд бæстæйы къухдариуæггæнæг афтæ.
Никол Пашинян уыдис раст. Æз фæрæдыдтæн. Сырæзщт уавæрæй ис цалдæр рацæуæн. Фæлæ æз иуы æрдæм дæр нæ ацæудзынæн. Æз уадзын бæстæйы къухдариуæггæнæджы пост, Сомихыстоны премьер-министры пост. Мæ премьерæй уæвыны ныхмæ у уынджы змæлд. Æз та уын уе æркуырд æххæст кæнын»- дзырдæуы Серж Саргсяны фидиуæны.
Серж Саргсян премьер-министры пост цалдæр минуты размæ ныууагъдта.