Никол Пашинян – Сомихыстон цæттæдзинады æвдисы, сног кæна  æфсæнвæндагон коммуникаци Азрбайджанимæ
Никол Пашинян – Сомихыстон цæттæдзинады æвдисы, сног кæна æфсæнвæндагон коммуникаци Азрбайджанимæ

Сомихыстон цæттæ у  сараза æмæ  сног кæна  æфсæнвæндагон коммуникаци Азербайджанимæ, – уый фæдыл  Сомихыстоны премьер-министр  Никол Пашинян райхъусын кодта.

Сомихыстоны хицауады къухдариуæггæнæгы  дзырдæй,   транспортон коммуникациты  роль нысаниуæгджын у  регионон стабилондзинады, æдасдзинады æмæ  æмтгæй райсгæйæ   сабырад  сфидар кæныны.

«Абон мах бирæ уынаффæ кæнæм регионон коммуникациты  байгомыл  æмæ хъуыды кæнын, иттæг нысаниуæгджын у ам банысан кæнон   Сомихыстоны цæттæдзинад, сараза  тынг эффективон æмæ реалон  къахдзæфтæ  нæ  регионы   коммуникацитæ байгом кæнынæн. Сомихыстон цæттæ у, сараза æмæ сног кæны  æфсæнвæндагон  коммуникаци   Сомихыстоны æмæ  Азербайджаны  æхсæн. Уымæй  дарддæр ма, уæдмæ уæвæг дыууæ æфсæнвæндагы  фæрцы. Фыццаг   у  цæгаты  маршрут, кæцы иу кæны  Азербайджаны  Хъазахы Сомихыстоны  Тавушы  регионимæ, дыккаг   у  хуссары маршрут, кæцы  иу кæны Азербайджаны  Нахичеванимæ.  Уырны нæ, цæмæй Азербайджаны ныгуылæн регионты гæнæн ис ссиу кæнын  Нахичеванимæ æмæ æддæ дунемæ афтæдæр  цæгат  маршрутæй. Мах ацы цæттæдзинад официалонæй равдыстам, афтæма автомагистралы фæдыл, кæцытæн гæнæн ис уа   астæу æмæ   хуссар маршруттæ, кæцы ног  фадæттæ байгом кæндзæн нæ регионæн. Сомихыстонæн йæ  бон у ссиу кæны æндæр бæстæтæ  цæгат-хуссары æмæ хурыскæсæн- хурныгуылæны  дæргъмæ  дунейы алвæндагыл.  Ацы рæстæджы, афтæдæр цæттæдзинад æвдисæм  куыд  Сомихыстон-Туркы æфсæнвæндаджы байгомм, афтæ  Сомихыстон-Туркы дыууæ автомагистралы реконструкцийы æрдгæй, кæцы  нысаниуæгджын æндæвдад скæндзæн   æнæрмæст   нæ регионыл, фæлæ ма  æнæхъæнæй  æхсæнадæмон экономикон  ахастытыл, культурон, политикон цæдистыл, глобалон  æдадсзинады  фарстатыл», –  райхъусын кодта Никол Пашинян.