Премьеры куыстуæгъды тыххæй, æххæстбартæ урæд цæуынц алы министрæн
Премьер-министры куыстуæгъды тыххæй æххæстбартæ урæд цæуынц алы министрæн.
Гуырдзыстоны парламент тыхбын бауыдзæн, хицауады ног скондæн æууæнк расидын.
Конституцимæ гæсгæйæ, премьер-министры куыстуæгъд кæнæ йæ æххæстбарты исты æндæр амæлттæй æрурæды фæстæ, хицауады æндæр уæнгтæн урдæ æрцæуынц се ххæстбартæ.
Сæрмагондæй та, конституцийæ хицауады æххæстбарты баурæды цауы, фылдæртæ президентмæ бавдисынц преьмер-министры кандидатурæ, кæцыйы йæхиæрдгæй, президент, закъондæттæг органæн, хицауады æххæстбарты бурæдæй 7 боны æмгъуыдимæ бавдисдзæн.
Премьер-министртæм кандидат, авд бон æмгъуыдмæ министртæм кандидатурæты куы равзардзæн уый фæстæ, хицауады скондæн æууæнк расидынæн бавдисдзæн парламентмæ. Уыйимæ иумæ, конституцийæ, хицауады скондимæ иумæ бавдыст хъуамæ уа хицауадон программæ дæр.
Цыдæриддæр та сбæлвырд кæныны процедурæмæ æххæссы, премьер-министртæм æмæ министртæм кандидаттæ фадгуытæм гæсгæ, хицауадон программæ хъуамæ базонгæ кæной парламентон комитеттæн æмæ фракцитæн, кæцыйы фæстæ дæр уыдон, æууæнк райсынæн ралæудзысты пленарон рабадтыл.
Пленарон рабадтыл хицауадон программæйы бавдисдзæн премьер-министртæм кандидат, фæлæ фарстытæм æмбæлгæйæ, политикъон дебаттæм баиу кæныны бар, министртæм кандидаттæм дæр ис. Хицауадæн, парламентæй æууæнк райсынæн бахъæудзæн 76 депутаты хъæлæс.
Гиорги Квриркашвили премьер-министры посты ныууадзыны фæдыл фидиуæн, хицауады администрацийы сæрмагонд брифингыл сарызта.