Польшæ  Минскы зылынджын кæны  мигрантты фæдыл кризисы, тактикæ ивды
Польшæ Минскы зылынджын кæны мигрантты фæдыл кризисы, тактикæ ивды

Польшæ  Минскы зылынджын кæны  мигрантты фæдыл кризисы, тактикæ ивды.

Информаци хуъсын кæны «Дойче Велле».

Польшæйы хъахъхъæнынады  министр, Мариуш Блашекы  фидиуæнæй,  Белорусаг арæнхъахъхъæнджытæ Польшæ-Белорусийы  арæныл лæууæг мигранттæнф æткдæттыны тактикæ фæивдтой. ЙÆ ныхæстæм гæсгæ, ныр  зæгъгæ мигрантты чысыл къордтæ  арæныл рахизын иурæстæгонæй цалдæр локацийыл архайынц  æмæ сын ацы  хъуыддаджы æххуыс кæнынц  белорусаг арæнхъахъхъæнджытæ.

Хъахъхъæнынады министры  хъусинагæй,   ивгъуыд  бон арæнсæттыны  195 факт  сфиксир кодтой. Йæ информацийæ,  мигранттæ  агрессивон дартой  сæхи  æмæ польшайаг  арæнхъахъхъæнджытыл дуртæ  æхстой, афтæма цæссыгуадзæн  газы  гранатæтæ  æхстой.

Польшæ-Белорусиы арæныл  æнæлегал мигрантты  къада   зæрдæвæрæны мæйæ  нæ лæууы.  Евроцæдис  Белорусы хицауады  мигрантты фæрцы  «гибридон бырсты» зылынджын кæны.  Фæнысангонды тыххæй,   цалдæр боны размæ,  евроцæдис, Белорусийы ныхмæ  санкциты  пакет скусын кæнын ахицæн кодта.