Натиа Турнава -  АИШ-Гуырдзыстоны  сæрибар базарады  фæдыл   бадзырд уыдзæн  политикон æмæ экономикон интересты арвистон, регион АИШ-ы экономикон интересты райрæзын кæныны бæрæг сигнал
Натиа Турнава - АИШ-Гуырдзыстоны сæрибар базарады фæдыл бадзырд уыдзæн политикон æмæ экономикон интересты арвистон, регион АИШ-ы экономикон интересты райрæзын кæныны бæрæг сигнал

Гуырдзыстоны экономикæ æмæ æнæфæцудгæ  рæзынады   министр Натиа Турнава   АИШ-ы  коммерцийы  нымæрдары  хæдивæг  Джозеф  Семсаримæ   онлайн-фембæлд  ауагъдта.

«Онлайн-фембæлды рæстæджы  банысан ис, цæмæй  АИШ Гуырдзыстонæн   сегасдæр сæйраг стратегион  партнер  æмæ  æмцæдисон бæстæ  у  æмæ азты  дæргъы  Гуырдзыстонæн   цы  феххуыс  кодта  æмæ цы  проекттæ  сæххæст кодта  æндæр æмæ æндæр къабæзты,   уыдон стыр хайбавæрд скодтой Гуырдзыстоны демокративон  рæзынады  æмæ  сæрибар   базарадон   экономикæйæ   скæныны  фæндагыл», –  банысангонд у   экономикæйы  министрады  информацийы.

Министры   фидиуæнæй,  фембæлдыл   ныхас  уыд    дыууæ бæстæйы   æхсæн  сæрибар базарады бадзырд бафыссыны  нысаниуæгыл.  Банысан ис,  цæмæй  Гуырдзыстоны фарсы инициативæйæ  ацыд иртасæн, кæцымæ гæсгæ   Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы  æхсæн сæрибар базарады бадзырд, дыууæдæр бæстæйæн   уыдаит пайдаджын.

«Ис дзы  специалон  формат, кæцыйы  фæлгæтты   гæнæн ис,   дарддæры  диалог  æмæ  ныхас  фидæны  бадзырдыл.  Нæ куырдиат  уыд, кæцыйы  тынг позитионæй  райстой,   цæмæй  ацы  процесс   æнæкæсгæ глобалон  пандемимæ, æцырддæр кæнæм  æмæ   йæ  скусын кæнæм», –  банысан кодта   Натиа Турнава.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   зæгъгæ  АИШ-Гуырдзыстоны   сæрибар базары  фæдыл  бадзырд   уыдзæн  политикон  æмæ экономикон интересты хæццæ, афтæма регионы, АИШ-ы  интересты райрæзын кæныны   дырыс  сигнал, кæцы  ахъаззаг  уыдзæн Гуырдзыстоны евро-атлантикон  интеграцийы   тырнынадтæн æмæ    экономикон рæзынадæн, уый  нымæцы  базарады диверсификацийы  домæнтæн.