МХМ- администрацион органты  штурмы æкæнæ блокирдзинады адарддæр кæныны цауы,  пъæлицæй  закъоны фæлгæтты æмбæлон реакци равдисдзæн
МХМ- администрацион органты штурмы æкæнæ блокирдзинады адарддæр кæныны цауы, пъæлицæй закъоны фæлгæтты æмбæлон реакци равдисдзæн

Администрацион   органтыл штурмы кæнæ  сæ блокирдзинадыадарддæр кæныны  архайды  цауы, пъæлицæй,  закъонæй   уымæ лæвæрд   мандаты  фæлгæтты,  æмбæлон реакци равдисдзæн – уый фæдыл   Гуырдзыстоны   мидхъуыддæгты министрады фидиуæны мидæг дзырдæуы.

«17 ноябры,  акцийы   цыды рæстæджы,  афтæдæр æнæхъæн  æхсæвы дæргъы  пъæлицæй  сифтонг кодта   æмбæстæгтæн  æрымбырды  æмæ манифестацийæн хъæугæ уавæртæ.

Афтæма,  Руставелийы   проспектыл, парламенты  бæстыхайы раз райдайгæ сабырадон  акци  фæстæдæр   закъоны ныхмæ  равг райста. Сæрмагондæй та,   æрымбырдуæвджыты хай,  закъондæттæг органы   алы  бацæуæн   сыхгæдта.   Уый йеддæмæ  ма,  политикон   лидертæ,  фарсхæцджытæм  æргомæй  æрсидтысты, парламентон  ороганæн йæ  куысты  бахъыгдарын.

Мидхъуыддæгты министрады  æнæ иу  сидты  æмæ   фæдзæхстмæ  æнæкæсгæйæ,   дзырды æмæ  æрымбырды  сæрибардзинад  ахызтис  закъонæй  бæрæг фæлгæттæй.   Сæрмагондæй хаххгондæй   æмбарын кæнæм  цæмæй   «æрымбырды æмæ  манифестацийы фæдыл»  Гуырдзыстоны  закъоны 9-æм статимæ гæсгæйæ,   тобæгонд у  закъондæттæг органы бацæуæнты  блокирдзинад æмæ йæ  куыст куылмпы кæнын» -банысангонд у  МХМ-ы  фидиуæны.

«МХМ  сиды  Руставелийы  проспектыл  æрымбырдуæвæг политикъон  партиты  лидертæм æмæ акцийы  организатортæм,  бауромæт  парламенты  бæстыхайы  бацæуæнты пикетирдзинад.  Бахъахъхъæнæт  Гуырдзыстоны конституци æмæ  ма рахизæт  сабырадон æмдырды  закъонæй  бæрæг  фæлгæттæй.

Ноджы иу хатт сидæм  парламенты раз  акцийы  организатортæм æмæ  акцийы  хайадисджытæм, бакоммæ кæсæт пъæлицæй  закъонон æркуырдтæм» – банысангонд у  МХМ-ы фидиуæны.