Мидхъуыддæгты министрад патрулон пъæлицæйы  департаменты директорæй снысан ис Важа Сирадзе
Мидхъуыддæгты министрад патрулон пъæлицæйы департаменты директорæй снысан ис Важа Сирадзе

Мидхъуыддæгты  министрады  патрулон пъæлицæйы  департаменты  директоры постыл  пъæлицæйы  майор Важа Сирадзейы  снысан ис. ИНформаци  Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналæн,  МХМ-ы  пресс-куысты   сбæлвырд кодтой.  Важа Сирадзе  постыл фæивдта Михеил Дилимашвилийы, кæцы Ачъарайы   патрулон  пъæлицæйы  сæйраг  уагдоны хистæрæй  снысан ис.

Важа СИрадзе  2019 азы   февралæй,   августы онг  патрулон пъæлицæйы, патрулон департаменты  Тбилисы сæйраг уагдоны  хистæры  хæдивæгы  пост ахста.

Важа Сирадзе  райгуырд 1986 азы. Уый  профессийæ  у  барадзонæг.

2007-2010 азты  Важа Сирадзе  проеффессион куыст Гуырдызстоны  хъахъъхæнынады министрады  гарзджын тыхты  иугонд  штабы   æфсæддон пъæлицæйы  департаменты  сæрмагондæй  нысаниуæгджын  хъуыддæгты  сæйраг уагдоны  оперативон-фæдагурæг  уагдоны  сæйраг инспекторы  позийыл  райдыдта.

2010 азæй  йæ  куыст адарддæр  кодта фæнысангонд  сæйраг уагдоны  регионалон уагдонæн(Тбилиси-Мцхета-Степанцъминда) объектты æдасдзинады  куысты.

2011 азы уыцы  хайады  куысты хистæрæй  куыста;

2012-2013 азты  Важа СИрадзе  кусын адарддæр кодта  Гуырдзыстоны МХМ-ы, Тбилисы  пъæлицæйы  сæйраг уагдоны  Глдани-Надзаладевы уагдоны  пъæлицæйы 1  хайады сыхы  инспектор-фæдагурæгы  позицийыл;

2013-2014 азты   куыста  Гуырдызстоны МХМ-ы Шида Картлийы  бæстæйы  сæйраг  уагдоны  Гуры  уагдоны хистæры  хæдивæгæй – детективты  хайады  хистæрæй;

2014-2015 азы  куыста  Гуырдзыстоны МХМ-ы Самегрело-Уæллаг Сванеты сæйраг уагдоны  Местиайы  районон  уагдоны  хистæры  хæдивæгы  позицийыл;

2015  азы снысан ис   МХМ-ы  Тбилисы  сæйраг  уагдоны   Исани-Самгорийы  уагдоны II хайады  хистæры  хæдивæгæй;

2015-2016 азты  кусын адарддæр кодта  МХМ-ы  Шида Картлийы  бæстæйон  сæйраг уагдон Хашурийы  районон  уагдоны хистæры позицийыл;

2016-2018 азты  ахста  МХМ-ы Шида Картлийы  пъæлицæйы  департаменты Къаспийы  районон  уагдоны хистæры бынатыл;

2018 азы  снысан ис  МХМ-ы Квемо Картлийы  пъæлицæйы  департаменты  Руставы  сахарон  уагдоны  хистæры  бынатыл;

2018-2019  азты кусын  адаргъ кодта  Гуырдзыстоны  Мидхъуыддæгты министрады  Тбилисы пъæлицæйы   департаменты Ваке-Сабурталойы   уагдоны  хистæры  постыл;

Важа Сирадзейы  2015 æмæ 2018 азты, мидхъуыддæгты министр  схорзæхджын кодта  майданæй – «Æхсардзинады» тыххæй.

Зоны  уырыссаг æмæ англисаг æвзæгтæ;

Ис йын ус æмæ хъæбул.