Мамука Бахтадзе – Немыцаг  компанитæ Гуырдзыстоны бизнес аразынæй  бонæй-бон фылдæр цымидис кæнынц
Мамука Бахтадзе – Немыцаг компанитæ Гуырдзыстоны бизнес аразынæй бонæй-бон фылдæр цымидис кæнынц

Германи Гуырдзыстоны хæлар  æмæ партнер бæстæ  у,   кæцыимæ махæн фæстаг азты иттæгш  нысаниуæгджын фæстиуджытæ райстам  дыууæфарсон ахастыты  фæарфдæр кæныны  æрдгæй –  уый фæдыл  финансты министр, Мамука Бахтадзе Германийы Федерацион  Республикæйы   сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæваримæ, Хайке  Фаичимæ фембæлды рæстæджы  загъта.

Фæрстæ  афæлгæстой   Гуырдзыстоны æмæ Германийы Федерацион  Республикæйы   æхсæн дыууæфарсон  æмæ бирæфарсон   форматты  æмкуыстакæнынад, афтæдæр    Германийы хицауады  æххуысæй   бæстæйы  цæугæ   проектытæ æмæ фидæны  партнерады  фарстытæ.

Финансты министр дилпломатæн бузныг расидтис  уыцы æххуысы тыххæй,   кæцыйы Германийы  хицауад   æвдисы  Гуырдзыстоны реформæты сæххæсты  процессæй.

Фембæлды  кæрон,  фæрстæ  ныфс равдыстой, цæмæй Евроцæдисимæ  Гуырдзыстоны политикон  æмæ  экономикон   интеграцийы  процесс,  фылдæр ахъаз уыдзæн  дыууæ бæстæйы  æхсæн  æмгуыстады  фæарфдæр кæныны  цæстæнгасæй.