Кутаисы  сом  уагъд æрцæудзæн  эктромобильты  амалиуæгад арæзтады проекты  презентаци
Кутаисы сом уагъд æрцæудзæн эктромобильты амалиуæгад арæзтады проекты презентаци

Индустриалон  хлдинг «Айгрупп» (Aigroup) сом Кутаисы   презентаци ауадздзæн, кæцыйыл Кутаисы  электромобильты амалиуæгады аоæзтады  проект бавдсисдзæн.

Компанийы  информацийæ,    презентацийы   Гуырдзыстоны  премьер-министр Мамука Бахтадзе байгом кæндзæн. Афтæма дзырдæй ралæудзæн компани «Айгруппы»  директорты  советы  сæрдар Каха  Гуледани  æмæ   амалиуæгон æмæ транспортон   фæрæзты  дизайнер Звиад Циколиа.

Мадзал Кутаисы, Давит АГъмашенебелийы  фæзуатыл  ацæудзæн.

Презентацимæ афтæдæр хуынд сты  хицауадон уагдæтты,  бынæттон   хицауады,  Гуырдзыстоны аккредитацигонд   дипломативон  корпусы, бизнесы æмæ  медийы  минæвæрттæ.

Проектмæ гæсгæ, индустрион къорд  «Ай ГРупп»  Кутаисы   100 гектар  территорийыл  24 мæймæ,   электромобильты   завод самайдзæн.   Заводы  300-ы  онг    бынæттон цæрæг бакусдзæн,  кондады   скуыстæй  18 мæймæ та  æнæкъаддæр  5000  электромобилы  рауадздзысты.

Компанийы хъусын кæнынц, цæмæй  фыццаг этапыл,  заводы   цыппар моделы   автомобилы  рауадздзысты.  Гуырдзыстоны  арызт  элеткромобильтæ та,  фыстæй   – Made in Georgia, Европæйы  бæстæты   базартыл  Гуырдзыстоны  сæйраг экспортон   продукт  уыдзæн.   Ног амалиуæгады  территорийыл  уыдзæн  æнæ æрмæст автомобильты, фæлæ  ма  экпродукты,  хуры  панелты æмæ æндæр бæрзондтехнологион   продуктты  кондадтæ.

«Айгруппы» информацийæ, проектæн йæ нысан у,   нырыккон  электромобилы  рауадзын  æмæ гуырдзиаг  прдукцийы   популяризаци. Афтæма нысаниуæгджын у, цæмæй  электромобильты  аргъ, бынæттон сегментæн  рæувадат суа.  Уый  тыххæй фæактивон кæндзысты  автомобилты  социалон æмæ  хицауадон лизингон  программæтæ.

Электромобильты  амал кæнын райдайыны фæдыл  меморандум 2019 азы  майы   æрцыд  къухæвæрд,  кæцыйы  бафыстой Гуырдзыстоны  экономикæй  æмæ æнæфæцудгæ  рæзынады  министр Натиа Турнава,  экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ  рæзынады  министрады  ТБЮУ   мулкы  националон агентады  къухдариуæггæнæг, Гиорги Дугладзе, гуырдзиаг   компанийы Aigroup Æмæ китайаг компани «Чанганы»  минæвæрттæ.