МХМ- Кутаисы, «Гуырдзыстоны Банкъы» филиалы амынæты сты 12 гоймагы, уагъд цæуы алы хъæугæ мадзæлттæ сæ тагъд  æмæ æдасæй  ссæрибар кæнынæн
МХМ- Кутаисы, «Гуырдзыстоны Банкъы» филиалы амынæты сты 12 гоймагы, уагъд цæуы алы хъæугæ мадзæлттæ сæ тагъд æмæ æдасæй ссæрибар кæнынæн

МХМ-ы  информацийæ,  Кутаисы, «Гуырдзыстоны Банкы»  филиалы   амынæты сты 12  уæнгы.

МХМ-ы фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй,   барадхъахъхъæнджытæ алы хъæугæ   мадзал кæнынц  сæ  тагъд æмæ  æдасæй  ссæрибар кæнынæн.

«Мидхъуыддæгты министрады  æмбæлгæ хайадты кусджытæ мобилизацигонд сты  Кутаисы, Шота Руставелийы проспектыл  æмæ  оперативон-фæдагурæн мадзæлттæ æххæст кæнынц.

Фæдагуырд райдыдта  «Гуырдзыстоны Банкы» иуæй-иу филиалмæ бырсты, терриористон   акты,  террористон акт сыххæсты  нысанæн  амынæты скæнын æмæ   хæстæрмæджыты   æнæзакъононæй  балхæд-бавæрд-хæссыны фактыл.

Оперативон-фæдагурæн  архæйдтытæй  сбæрæг ис, цæмæй гарзджын гоймаг  Кутаисы, Шота Руставелийы  проспектыл  уæвæг «Гуырдзыстоны Банкы» филиалмæ   бабырста  æмæ стыр бæрцæй суммæ  байсты нысанæн  амынæты скодта  цалдæр адæймагы.

Ацы  рæстæгмæ бæстыхайы  амынæты сты 12  адæймаг. Барадхъахъъæнджытæ алы хъæугæ   мадзал кæнынц  сæ  тагъд æмæ  æдасæй  ссæрибар кæнынæн.

Мидхъуыддæгты министрад  сиды медиайы  минæвæрттæм  æмæ æмбæстæгтæм,   бахъахъхъæнæнт  æдасдзинады  нормæтæ  æмæ бакоммæкæсæт  бынатыл пъæлицæйæгты  амындтæм.

Æрцæугæ фактыл фæдагуырд Гуырдызстоны тугтæрхоны барады кодексы  144, 236,  323, æмæ 329-æм статитæй цæуы» – банысангонд у  фидиуæны.