Хъахъхъæнынады министрад – Гуырдзыстоны президенты æвзæрстытæ  Афгъанистаны бакæнгæ æвзарæнон фадгуытыл, аыдысты сабыр уавæры
Хъахъхъæнынады министрад – Гуырдзыстоны президенты æвзæрстытæ Афгъанистаны бакæнгæ æвзарæнон фадгуытыл, аыдысты сабыр уавæры

Афгъанистаны  «Хъæддых фарсмæлæууды»   миссийы  хайадисæг   гуырдзиаг æфсæддæттæ  Гуырдзыстоны президенты æвзæрстыты  се мбæстагон  хæс    ныридæгæн  сæххæст кодтой. Æвзæрстыты процесс   ацы  сабыр уавæрты  æмæ æвзæрстытæ ацыдысты процедурæтæ æмбæлгæйæ. Информацийы  хæлиу кæны  Гуырдзыстоны хъахъхъæнаныд министрад.

Уагдоны информацийæ,   абон Афгъанистаны  æрмæст хъæлæскæнынады процедурæ  ацыд.  Процессы фæуды фæстæ ,  æвзарæнон документаци, сæ нымæцы   конверттæ,   кæцыты мидæг бюллетентæ   сты æвæрд,   мыхуырæй æхгæд æрцыдысты  æмæ  фæстиуджыты бахыгъд  Централон Æвзарæнон Камисы  28  октябры,  Гуырдзыстоны президенты  æвзæрстыты  халæппæрсты  процессы  фæуды фæстæ  райдайдзæн.

Афгъанистани  байгом  ис   дыууæ æвзарæнон  фадыг. Гуырдзыстоны гарзджын тыхты  II  фистæг  бригадæйы 22  батальоны   æфсæддон кусджытæ  сæрмагонд æвзæсрт  Баграмы  авиацион  базæйыд   сфиксир кодтой,  цы ран  æвзарæнон фадыг  сæумæрайсомы  авд  сахатыл байгом ис.

II бригадæйы  æмбырдгонд  ротæ  йе мбæстагон  хæс  сæххæст кодта  Маза-И-Шарифы,  немыцаг базæ  «Мармалыл»  кусæг  æвзарæнон  фадыгыл.   Кабулы «ХЪæддых фарсмæлæууды»  миссийы   штаб-хæдзары  дислоциргонд  IV  механизацигонд бригадæйы  фæтыхджындæргонд  ротæ та, президенты æвзæрстыты,  куыд Баграмы  æвзарæнон   фадыгы æвзæрстгæнджытæ,  ахæсгæ  æвзарæнон  асыкы  фæрцы  райстой  хайад.

«Æвзарæнон  фадгуытæ  специалонæй   сарызта æмæ  срæвдз кодта Централон Æвзарæнон Камисы  афгъанистанмæ  æрвыст  къорд, кæцы æвзæрстыты  ауадзынæн  алы хъæугæ  мадзал сæххæст кодта. Афгъанистаны  Гуырдзыстоны президенты  æвзæрстыты  рæстагæй  ауадзынмæ, ЦÆК-ы  уæнгтæй  дарддæр ма, цæст дарттой   медийы æмæ  æндæр æмæ æндæр политикон партиты  минæвæрттæ» –   хъусын кæнынц   Гуырдызстоны  хъаххъæнынады министрады.