Хъахъхъæнынады уагдон – министрады хъуыды дæр ничи кодта, цæмæй Давит Къезерашвилийы ныхмæ хъаст сифтонг кæныны нысанæн, телеуынынады хайыл хъоды сæвæрын æркуырдтаит

Хъахъхъæнынады министрад Давит Кезерашвилийы ныхмæ хъасты  тыххæй фидиуæн аразы.  Уагдоны куыд хъусын кæнынц  афтæмæй,   министрады  зæгъгæ  уый æвæццæгæнадыл хъуыды дæр ничи кодта, ома хъасты  сифтонг кæныны нысанæн æркуырдтаит  телеуынынады хайыл хъоды æрывæрын.

Министрады фидиуæны дзырдæуы цæмæй,  зианы  компенсаци æвæццæгæнад фæнысанггонд компанийæ нæй.

«Хъахъхъæнынады министрад хæлиу кæны сæрмагонд фидиуæн æмæ сиды  алкæмæ,  кæрон скæнæт  нæ  дзыллæйы  рæдыды  бафтауыны   архайд.  Нæкæсгæ  уымæ цæмæй  Давит Къезерашвили  йæ  компаниты финанс кæны  паддзахадæй  хибаконд  суммæтæй,  кæцытæ  паддзахадæн знаггадгæнæг куыст кæнынц,  хъахъхъæнынады  уагдоны  дзæбæх æмбарынц  демократон аргъдзинæдты нысаниуæг,  дзырды  сæрибардзинады нысаниуæг нæ бæстæйы евроатлантикон  æмæ евроцæдисы  уæнгсуæвыны фæндагыл.   Уымæ гæсгæйæ дæр,  æхсæнадон интересы тыххæй  министрады хъуыды дæр ничи  кодта ууыл цæмæй  ис  ахæм æвæццæгæнад ома  хъаст сфитонг кæныны нысанæн, æрдомдтаит  телеуынынады  хайыл хъоды  сæвæрын.  Уæлдайдæр  Давит Къезерашвили  азты дæргъы  фæнысангонд телеуынынадæй  дивидендтæ  куы нæ исы  уæд.  Уымæ гæсгæ дæр,  зианы  компенсацийы  æвæццæгæнад, фæнысангонд  компанийæ  нæй» –   банысангонд у  хъахъхъæнынады министрады  фидиуæны.

Хъахъъхæнынады  министрады  информацийæ, Давит Къезерашвилийы ныхмæ   министрад  хъаст кæны.  Уагдоны информацийы  куыд дзырдæуы афтæмæй,   Давит Къезерашвилийы æмæ  йæ  хъахъхъæннады  министрæй  уæвыны  рæстæджы  паддзахадон балхæдты   департаменты  хистæры, Александре Нинуайы  ныхмæ, хъахъхъæнынады  министрад,  гоырæты тæрхондонмæ  хъаст кæны  уагдонæн фыдгæнæгон архæйдтæй  æрхæсгæ зианы  компенсацийы æркуырдæй.