Хъахъхъæнынады министрады  партнер бæстæты хъахъхъæнынады  атташетæн 2023 азы  хатдзæггæнæн брифинг ацыд
Хъахъхъæнынады министрады партнер бæстæты хъахъхъæнынады атташетæн 2023 азы хатдзæггæнæн брифинг ацыд

Хъахъхъæнынады атташеты ассоциацийы  æрвылазон  планы фæлгæтты   Гуырдзыстоны  аккредитацигонл  партнер бæстæты хъахъхъæнынады атташетæ  цæугæ азы  дæргъы  бæстæйы  иргъæфхъомад стынг кæныны нысанæн   сæххæст  проектты æмæ  реформæтимæ  æрзонгæ сты.

2023 азы хатдзæггæнæг брифинг хъахъхъæнынады министрады «Армигоспиталы» ацыд.  Хъахъхъæнынады тыхты  сæрдары хæдивæг, бригадæйы инæлар  Ираклий ЧъиЧъинадзе партнертæн, хъахъхъæнынады  сферæйы æнгом æмæ фæстиуæгджын  æмгуыстадæн бузныг загъта.

Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрады пресскуысты  информацийæ, хъахъхъæнынады  тыхты минæвæрттæ  дипломаттæн  дæсазон  архайадон  планæй  бæрæг  хъахъхъæнынады  тыхты  райрæзты сæйраг  проектты æмæ  кæронбæттæн  фадæтты стынг кæныны нысанæн  саразынаг къахдзæфтыл фæныхас кодтой. Фембæлдыл регионы уæвæг  æдасдзинады уавæр  æмæ цы расидтытæ ис  уыдон æркастысты.

«Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрад Гуырдызстоны аккредитациконд  партнер бæстæты  хъахъъхæнынады  атташетимæ æнгом æмкуыст кæны.   Æнæхъæн азы дæргъы, æфсæддон атташетæ  хъахъхъæнынады  уагдоны  æндæр æмæ æндæр хайалдтæм фæуазæг сты æмæ цæугæ  мадзæлттимæ зонгæ  кæнынц» –   банысан кодтой  хъахъъæнынаы министрады.