Хъахъхъæнынады министрады ацыд Ллойд Остинæн  размæ рацыды  официалон церемони  [фото]
Хъахъхъæнынады министрады ацыд Ллойд Остинæн размæ рацыды официалон церемони [фото]

Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрад  ацыд  АИШ-ы  хъахъхъæнынады нымæрдары, Ллойд Остинæн  размæ рацыды официалон церемони. Уый фæстæ коллегæтæ ауадздзысты дыууæфраосн фембæлд.

Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министр Джуаншер Бурчъуладзе  æмæ АИШ-ы хъахъхъæнынады  нымæрдар  Ллойд Остин, фембæлдыл  æркæсдзысты  АИШ-Гуырдзыстоны стратегион партнерады  æмæ   æфсæддон æмгуыстады  фарстатæ, Сау денджызы  бассйены  æмæ  регионон  æдасдзинад, Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады  тыхты  трансформаци, кæцыйы гуырдзиаг фарсæн  егъау  æххуыс кæны  официалон Вашингтон.  Афтæма  æркæсдзысты  АИШ-ы  рæзгæ  æххуыс  Гуырдзыстоны НАТО-йы  уæнгсуæвыны  процессы.

Афтæдæр абон   коллегæтæ  АИШ-ы  хъахъхъæнынады департаменты æмæ Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады министрады  æхсæн бадзырд бафысдзысты, кæцы бындурæвæрд у  Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады цæттæдзинады  программæ (GDRP) фæлгæтты  баххæсгæ рахатинаг  прогрессыл æмæ АИШ-Гуырдзыстоны стратегион  партнерадбынтон ног жтапмæ  скæныныл.

Фембæлдыл  каст фарстаты  æмæ бадзырды  нысаниуæг,  Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министр  æмæ АИШ-ы  хъахъхъæнынады  нымæрдар  иумæйаг  пресс-конференцийыл  схатдзæг кæндзысты.

Ллойд Остин  Гуырдзыстонмæ æрцыд европаг Турнейы  фæлгæтты, цæй фæстæ дæр  уы Украина æмæ Румынимæ  фæуазæг уыдзæн, визиты кæрон та  Брюсселы, НАТО-йы  уæнг  паддзахадты  хъахъхъæнынады министериалы  райсдзæн хайад.