Каха Каладзе - Бидзина  Иванишвили æмæ фонд «Карту» сæйраг горæтæн  лæвар адæттой раздæры ипподромы территори,  цыран  «Карту»-ы æххуысæй  арызт æрцæудзæн   Тбилисы  Централон парк
Каха Каладзе - Бидзина Иванишвили æмæ фонд «Карту» сæйраг горæтæн лæвар адæттой раздæры ипподромы территори, цыран «Карту»-ы æххуысæй арызт æрцæудзæн Тбилисы Централон парк

Бидзина  Иванишвили   æмæ фонд  «Карту»  сæйраг горæтæн  лæвар адæттой  раздæр ипподромы  территори,  цыран  «Карту»-ы  æххуысæй  арызт æрцæудзæн   Тбилисы  Централон парк, – уый фæдыл  Тбилисы  мэр  Каха Каладзе   фехъусын кодта.

«Æхсæнад   дзæбæх зоны, цæмæй нырид  дæсгай азты  дæргъы  фонд «Карту»  бирæ  хæрзаудæн проекттæ æххæст кæны. Сæ нымæцы  иуæй-иу  сегасдæр нысаниуæгджын  æрдæмад  у  растдæр   æрдзыл  аудын,  æппæт бæстæйы   масштабæй  цъæх тыгъдадты æмæ  уникалон   паркъты   арæзт, кæцытæй   стыр  хай  нæ  бæстæйы   визитон къамæй  фестад.

Абон  иттæг нысаниуæгджын бон у, уымæн æмæ Бидзина Иванишвили  æмæ  фонд «Карту»  муниципалитетмæ, горæты  центры  бынтон  лæвар раттой, раздæры  ипподромы  территори, цы ран афтæдæр  «Карту»-ы æххуысæй,   арызт æрцæудзæн   Тбилисы  централон   парк, кæцы  цалдæр дæсой милуан сбаддзæн.

Проектл кусы  голландиаг  компани,  цæуы куыстыты  фæстаг этап. Райсом  нын  уыдзæн æххæст презентаци, ацы проекты  фæдыл  æмæ  иннæ  бонты   уæм æрбадæтдзыстæм  информаци,  бæлвырд датæ, кæд райдайдзæн  арæзтад.

Ипподромы территори фервæзын кæнынæн  аргъ цæмæн нæй  уый йас  стыр  у   фонд «Карту»  æмæ  Бидзина Иванишвилийы   хайбавæрд, кæцы фæнысангонд  тыгъдад алхæдта.  Абон та  бынтон лæварæй  дæты  гуырдзыйы  адæмæн, Тбилис æмæ  тбилисæгтæн.  Ацы æцæгдæр  стыр хайбавæрды тыххæй  мæ  фæнды  стыр   бузныг зæгъын  сæрмагондæй   Бидзина Иванишвили æмæ йæ  бинонтæн», –  фехъусын кодьа  Каха   Каладзе.