Каха Каладзе - Бидзина Иванишвили æмæ фонд «Карту» сæйраг горæтæн лæвар адæттой раздæры ипподромы территори, цыран «Карту»-ы æххуысæй арызт æрцæудзæн Тбилисы Централон парк
Бидзина Иванишвили æмæ фонд «Карту» сæйраг горæтæн лæвар адæттой раздæр ипподромы территори, цыран «Карту»-ы æххуысæй арызт æрцæудзæн Тбилисы Централон парк, – уый фæдыл Тбилисы мэр Каха Каладзе фехъусын кодта.
«Æхсæнад дзæбæх зоны, цæмæй нырид дæсгай азты дæргъы фонд «Карту» бирæ хæрзаудæн проекттæ æххæст кæны. Сæ нымæцы иуæй-иу сегасдæр нысаниуæгджын æрдæмад у растдæр æрдзыл аудын, æппæт бæстæйы масштабæй цъæх тыгъдадты æмæ уникалон паркъты арæзт, кæцытæй стыр хай нæ бæстæйы визитон къамæй фестад.
Абон иттæг нысаниуæгджын бон у, уымæн æмæ Бидзина Иванишвили æмæ фонд «Карту» муниципалитетмæ, горæты центры бынтон лæвар раттой, раздæры ипподромы территори, цы ран афтæдæр «Карту»-ы æххуысæй, арызт æрцæудзæн Тбилисы централон парк, кæцы цалдæр дæсой милуан сбаддзæн.
Проектл кусы голландиаг компани, цæуы куыстыты фæстаг этап. Райсом нын уыдзæн æххæст презентаци, ацы проекты фæдыл æмæ иннæ бонты уæм æрбадæтдзыстæм информаци, бæлвырд датæ, кæд райдайдзæн арæзтад.
Ипподромы территори фервæзын кæнынæн аргъ цæмæн нæй уый йас стыр у фонд «Карту» æмæ Бидзина Иванишвилийы хайбавæрд, кæцы фæнысангонд тыгъдад алхæдта. Абон та бынтон лæварæй дæты гуырдзыйы адæмæн, Тбилис æмæ тбилисæгтæн. Ацы æцæгдæр стыр хайбавæрды тыххæй мæ фæнды стыр бузныг зæгъын сæрмагондæй Бидзина Иванишвили æмæ йæ бинонтæн», – фехъусын кодьа Каха Каладзе.