Гуырдзыстоны премьер-министр, хъахъхъæнынады министр, парламенты сæрдар æмæ  Тбилисы мэр  Къоджоры  юнкерты  мемориалыл  дидингуытæ сæвæрдтой  [фото]
Гуырдзыстоны премьер-министр, хъахъхъæнынады министр, парламенты сæрдар æмæ Тбилисы мэр Къоджоры юнкерты мемориалыл дидингуытæ сæвæрдтой [фото]

Советон  оккупацийы  бонмæ гæсгæ Гуырдзыстоны премьер-министр  Ираклий Къобахидзе,  парламенты сæрдар   Шалва Папуашвили  æмæ  Тбилисы мэр  Каха Каладзе  Коджоры  юнкерты  мемориалмæ дидингуытæ  бахастой  æмæ 1921 азы  февралы  Гуырдзыстоны   хæдбарадæн  фæмардуæвджытæн с æнæмттæ ссартой.

Къоджоры  афтæдæрæ уыдис  Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады министр Ираклий Чиковани.

«Иттæг уæззау  бонтæ сты  Гуырдзыстоны историйы, фæлæ иурæстæгонæй, ацы бонты æппæт Дуне, дун-дуне федта  цæмæй цас  стыр уыд  Гуырдзыстоны  паддзахады  хæцджыты  æхсардзинад, патриотизм. Се сгуыхтдзинад,хинывонддзинад  æнусты дæргъы  нæ фесæфдзæнис æмæ   сæ  æнусты дæргъы  кæддæриддæр  æрымысдзыстæм  уыдоны куыд  сæрибардзинадæн тохы символ символ æмæ куыд  егъау  патриотизмы  æнкъарæнджын  адæймæгты  символ афтæ.   Стыр бузныг сын  æмæ æнуст кад   сæ нæмттæн» – райхъусын кодта  хъахъхъæнынады  министр.

Гуырдзыстоны парламенты 2010  зы 21  июлы  уынаффæмæ  гæсгæйæ, 25 феврла Советон оккупацйы боны уыд   нымад.

Оккупацийы амæттæгты  ном ссарынæн, ацы  бон  Гуырдзыстны æппæт территорийыл   паддзахадон тырысатæ бынмæ руадзынц.

1921 азы  25 февралы  Уæрæсейы  сырх арми  бацахста Тбилис  æмæ Гуырдзыстоны  æппæтадæмон æмæ уæгъдибар  æвзæрстыты фæндагæй  æвзæрст хицауад раппæрста, цæй фæстиуæгæн  сыххæст кодта æхсæнадæмон  барады субъекты, – Гуырдзыстоны демократон  республикæйы анекси.