Каха Каладзе – сæрхъызойты æмæ  футболисттæн   стыр тимул у, «Динамо Аренайыл» Илиа Топуриа  чемпионы рон  куы рахæсдзæн уый
Каха Каладзе – сæрхъызойты æмæ футболисттæн стыр тимул у, «Динамо Аренайыл» Илиа Топуриа чемпионы рон куы рахæсдзæн уый

Тбилисы мэр Каха Каладзе   UFC-ы фыццаг гуырдзиаг чемпион Илиа Топуриайæн   Тбилиы мэриайы  сфысым кодта.

Каха Каладзейы йын  сæрмагондæ раарфæ кодта  уæлахиздзинады фæдыл  æмæ  ма йын йæ цæст бауарзыд  фидæны  ноджы  фылдæр æнтыстытæм баххæссыны  арфæ.

«Æргомзæрдæйæ мæ  фæнды  раарфæ дын кæнон   уæлахиздинад.  Тынг  сæрыстыр  кæмæй  вæййынц  ахæм адæймаг дæ æмæ куысты аргъ  зоныс.  Дæ уæлахиздзинад  у  æнæхъæн Гуырдзыстоны уæлахиздзинад.  Æхсызгон мын у  ахæм æнтыстджын кæй  дæ æмæ мæ уырны,  сæ  зæрдæ  дæуыл  кæмæн риссы,  уыцы адæм ноджы бирæ  æхсызгон  уац  фехъусдзыстæм дæу тыххæй. Фæнды мæ  зонай, цæмæй дæ бирæ гуырдзиаг уарзы. Афтæма дын арфæ кæнын Джелбетты   Орден, кæцыйы дæм абон радæтдзысты.  Лæгау  æмæ аккагæй  фæдар ацы  хозæх», – банысан кодта  Каха Каладзе.

Уый  ма бахахх кодта  Европæйы  Чемпионаты плейофы  æрдæгфиналы  Гуырдзыстоны  æмбыргонд  хайады нысаниуæг  æмæ бузныг загъта Илиа Топуриайæн   националон æмбырдгонды сæрхъызойдзинады æмæ  фарсхæцынæн.

Гуырдзиаг чемпион  бузныг загъта  сæйраг горæты  мэр Каха Каладзейæн   хъарм æмæ хæларон   фембæлды  тыххæй æмæ сæрхъызойтæн иууылдæр  ахæм фарсхæцыны  тыххæй.

UFC-ы дæлрог  уæзы  категорийы   чемпион фыдыбæстæмæ  премьер-министры  Ираклий Къобахидзейы  хуындæй æртахт.

Абон «Динамо Аренайыл»  Гуырдзыстон-Люксембургы  футболон матчы райдайынмæ, Илиа Топуриа  чемпионы  рон  гуырдзиаг сæрхъызойты раз  рахæсдзæн.