Каха Каладзе – «Интеримæ» матч  цымидисон  уыдзæн, гуырдзиг сæрхъызойтæн  ноджы уы хатт уыдзæн фадат  дунейы æмвæзы стъалыты  фенын
Каха Каладзе – «Интеримæ» матч цымидисон уыдзæн, гуырдзиг сæрхъызойтæн ноджы уы хатт уыдзæн фадат дунейы æмвæзы стъалыты фенын

Каха Каладзе Legend Series-ы  фыццаг  хъазты размæ уагъд   прессконференцийыл  спортион  медиайы  фарстатæн  сдзуапп  кодта.  Каладзе ныфс равдыста, цæмæ  Батумы  «Ачъарабет Аренæйыл»  дунейы æмвæзы  стъалыты  фенын   хъазтæй бирæ адæм бацымидис кæндзысты,  кæцы  уавæр  йæ къух сараздзæн гуырдзиаг футболы популяризацийæн.

«Тынг æхсызгон мын у, куы мæм ис фадат ,  ноджы иу  хатт  ауадзон  матч «Интеримæ».  Азты  дæргъы  мах æндæогътæ  уыдыстæм.  Амондджын дæн,  цæмæй  мæм Хуыцауы  фæрцы  лæвæрд уыдис «Миланы»  хъазыны  фадат. Куыд  футболист,  кълубон æмвæзыл, цы гæнæн уыдис  алцыппæт  рамбылдтон.   Ацы фембæлды  организацигæнджытæн   стыр  бузныг  ахæм проекты тыххæй.  Гуырдзиаг  футболы  популяризацийæн ахæм хъæзтытæ   иттæг нысаниуæгджын сты.  Уырнæг дæн  нæ  фембæлд   фендтаг дæр  æмæ цымидисон дæр уыдзæн.   Гуырдзиаг сæрхъызойтæн  ноджы иу  хатт уыдзæн фадат  Дунейон  æмвæзыл стъалыты  фенын,» – загта  Каха Каладзе.

7 марты  Батумы, «Ачъарабет Аренæйыл»   ног проекты, Legend Series-ы  фыццаг  хъазт ацæудзæн, кæцыйы  кæрæдзиимæ схæцдзысты  Гуырдзыстоны националон æмбырдгоны æмæ Миланы «Интеры»  легендарон  футболисттæ.  Фæнысангонд матчы сæйраг горæты  мэр, ветеран  футболист Каха Каладзе  райсдзæн  хайад.

Гуырдзыстоны  æмæ Миланы  «Интеры»  легендæты матч «Батуми Аренæйыл»  19:00 сахатыл райдайдзæн. Фембæлды  телерепортажы  Гуырдзыстоны Фыццаг Канал равдисдзæн.