Эргнеты  инциденттæ маруадзыны  æмæ сыл реагиркæныны  механизмты 102-æм фембæлд ацæудзæн
Эргнеты инциденттæ маруадзыны æмæ сыл реагиркæныны механизмты 102-æм фембæлд ацæудзæн

Эргнеты  инциденттæ маруадзыны æмæ реагиркæныны  механизмты (IPRM) фæдыл  радæй  102-æм фембæлд ацæудзæн.   Фембæлды фæлгæтты  централон хицауад  активонæй  сæвæрдзæн  æнæзаконон бордеризацийæ цы хуындæуы,  уый фæдыл, æнæзаконон æрцахстыты  æмæ сæрибарæй змæлдыл æвæрд  æнæзаконон  тобæты  фарстатæ.

Фембæлдыл  каст уыдзæн  оккупацион хаххы дæргъмæ  æмæ  оккупацигонд территорийыл æрцæугæ  инциденттæ  иууылдæр,  кæцытæ зын кæнынц  бынатыл  уæвæг  æдасдзинады уавæр.

«Уыдис нын 33 æнæзаконон æрцахсты  цаутæ  январæй  абоны онг. Растдæр  ацы фарстæтæ уыдзысты  тæрхоны сæйраг темæ. Ацы рæстгæмæ  Цхинвалы æнæзаконон ахсты сты  Гуырдзыстоны  дыууæ æмбæстаг, бестауты Геннади  æмæ  Гела Гочъошвили. Гела Гочъошвилийы  æрцахсты фæдыл  информаци нæм æвæстиатæй  æрбахæццæ ис.  Мах куыд  зонæм, афтæмæй,   уый зылынджын кæнынц   бæрæг криминалон активондзинады.  Бацархайдзыстæм  абон райсæм дзуаппытæ  куыд йæ рцахсты, афтæ  алы æндæр деталы  фæдыл,» –  райхъусын кодта  ПÆК-ы аналитикон  департаменты директоры хæдивæг  Ираклий Антадзе.