Эммануэль Макърон - НАТО-йы  магъз фæцæймæлы, Европæйæн та сæрмагонд æфсæддон  тыхтæ  йæхи хъæуынц
Эммануэль Макърон - НАТО-йы магъз фæцæймæлы, Европæйæн та сæрмагонд æфсæддон тыхтæ йæхи хъæуынц

НАТО-йы  магъз удисæг у, Европæйæн   та  æнæмæнгхъæу у сæрмагонд æфсæддон  тыхты  саразын –  уый фæдыл  Францы  президент Эммануэль Макрон, рауагъдад  «Экономистимæ»  интервьюйы  загъта.  Макъроны дзырдæй, АИШ-æ   Европæйæ  йæхи дард исы  æмæ  асджын  континент ныр дæлджинæг гæрон лæууы.

«Кæд Европæ  нæ райхъал уыдзæн, уæд  нæ  амонд  скантрол кæнын хъом нал уыдзыстæм.  Евроцæдис йæхи æрмæст базарыл нымайы, фæлæ  йын æнæмæнгхъæугæ  у бацархайын, куыд политикъон блокъ,  политикæйæ æмæ технологитæй, бæрæггæнæнты базæйæ æмæ климатон  ивдтытæй. Америкæйæн фыццаг ис  президент,  кæцы  нæ Европæйаг идеяимæ  разы  нæу.  Кæд æмæ  Трампы  дыккаг æмгъуыдмæ  нæ сывзардзысты  уыцы цауы дæр,  историон  тыхтæ  сæ  раздæрон æмцæдисонтæй  фæхицæн уыдзысты» – банысан кодта Эммануэль Макърон.