Иракы, Эрбилы хицауадон бæстыхаймæ бырст сырæзт
Иракы, Эрбилы хицауадон бæстыхаймæ  бырст сырæзт

Иракы Курдистаны,  сахар Эрбилы  хицауадон бæстыхаймæ  бырст сырæзт.  Барадхъахъхæнджытæ бахъом сты  фыдгæнджыты ликвидаци скæнын.

Бынæттон медиа  куыд хъусын кæны афтæмæй,    бырсджытæ  Эрбилы   администрацийы бæстыхайы  цур   сæумæрайсом разындысты.  Гарзджын  уæнгтæ   бæстыхайы штурмæй  бацахсын  бахъавыдысты.  Иракы   Курдистаны    æдасдзинады  тыхтæ  æртæ  фыдгæнæджы   ликвидаци скæнын,  цадæрсахатон   операцийы  фæстæ  бахъом  сты.   Ссæрибар кодтой  иу  адæймагы,   кæцыйы  администрацийы   бæстыхайы  бысрджытæ  амынæт скодтой.

Æрцæугæйыл бæрн йæхимæ нырма иунæг  къорд дæр нæ райста.