Украинайы  генштаб – Уæрæсейы æрдгæй  Киевы  зылдыл æхсæвы бырсты фæстиуæгæн   фондз  адæймаг  фæцæф ис,  базиан сты  хæдтулгæтæ æмæ цæрæн корпус
Украинайы генштаб – Уæрæсейы æрдгæй Киевы зылдыл æхсæвы бырсты фæстиуæгæн фондз адæймаг фæцæф ис, базиан сты хæдтулгæтæ æмæ цæрæн корпус

Уæрæсейы æрдгæй  Киевы  зылдыл   æхсæвы сæххæст   бырсты  фæстиуæгæн, фондз адæймаг  ффæцæф ис,  зиæнттæ райстой    хæдтулгæтæ  æмæ цæрæн корпус – уый фæдыл   Украинайы  гарзджын  тыхты  генералон штабы хъусын кæнынц.

Украианйы  генштабы  информацийæ, Уæрæсейы  тыхты  уагъд  «Шахиды» типы 35  æнæпилот  аппаратæй Украина сеппæты дæр   скуынæг кодта.

Киевы зылды æфсæддон   администрацийы хистæры, Сергей   Попкойы  дзырдæй,   сæйраг горæты   састыты  æрхаудæй  базиан ис  авд  хæдтулгæ  æмæ цæрæн корпус. Фондз зианбавзарæг адæймагы та  рынчындæттæм   фæхæццæ  кодтой.

Уыимæ  Украинайы  гарзджын  тыхты информацийæ,  Уæрæсе, оккупацигонд  Хъырымæй, æхсæвы  ныббырста  Одессæйы регионыл дæр. «Х-22» типы  ракетæтæ  уагъд уыдысты  иуæй-иу  хæлцады компанийы æмæ  денджызы  былыл уæвæг   рекреацион   зонæмæ.  Одессæйы  регионы   зынгсирвæзты  ликвидацион куыстытæ  ацы  рæстæгмæ  цæуынц.  Зиангондты фæдыл информаци ацы рæстæгмæ  бæрæг нæу.