Ираклий Гъарибашвили – Онлайнказиноты тыххæй фыццаг  этапыл хъуыды кæнæм, фидтонтæ фæуæлдай кæнын, рекламæ фæтобæ кæнын æмæ 25 аздзыд кары онг барьер ысхæцын, дыккаг этапыл  та бынтон хъуамæ фæтобæ уа онлайнказинотæ
Ираклий Гъарибашвили – Онлайнказиноты тыххæй фыццаг этапыл хъуыды кæнæм, фидтонтæ фæуæлдай кæнын, рекламæ фæтобæ кæнын æмæ 25 аздзыд кары онг барьер ысхæцын, дыккаг этапыл та бынтон хъуамæ фæтобæ уа онлайнказинотæ

Онлайнказиноты тыххæй  фыццаг этапыл хъуыды кæнæм, цæмæй  сын фидтонтæ фæуæлдайдæр кæнæм,  фæтобæ уа реклама  æмæ 25 аздзыд кары онг  ысхæцæм барьер, –  уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр  Ираклий Гъарибашвили  хицауады  рабадтыл райхъусын кодта.

«Фарст,  кæцы цæрджыты тынг фæлмæцын кæны, у  азартон хъæзтыты бизнес  æмæ  онлайнказинотæ.  Миллиард фондз сæдæ милуан  лари  хъары бæстæйæ   ацы онлайнказиноты фæрцы.  Нæ æмбæстæгтæ, нæ фæсивæд æрвылбойнонæй  хъазынц онлайнказиноты æмæ  æмбулынц æхца. Ацы суммæйы бæрц у миллиард  500 милуан   лари.  Уый тыххæй мын  уыд бадзырдтæ экономикон  балимæ æмæ  финансты  министрмæ нырид ис  конкретон цæстæнгас.

Хъуыды кæнæм, цæмæй  бавдисæм закондæттæн инициативæ, кæцы  йæ  хуъыдыйы  дары  фидтонты  фæуæлдайдæр кæнын  онлайнказинотæн. Уыдонæй  абсолютон фылдæр сты  фæсарæйнаг компанитæ  æмæ нæ æмбæстæгты æхца хъары  фæсарæнтæм, – 1,5 миллиард лари. Ардгæй 99% сты мæгуыр цæрджытæ,чи нæ кусы  уыдон.

Фыццаг этапыл хъавæм, фидтонтæ райрæзын кæнын, фæтобæ уа  реклама æмæ 25 азы онг  ысхæцæм барьер. Дыккаг  этапыл та  бынтон хъуамæ  фæтобæ кæнæм  онлайн-казинотæ. Ахæм  цæстæнгас мæм ис.   Цæттæ дæн, уый фæдыл æргом ныхасмæ æмæ мæ ныфс ис, цæмæй ацы æрдгæй  æхсæнады фарсхæцын уыдзæн. Парламентимæ активон кусдзыстæм  æмæ иумæйагæй, оптималон, æмбаргæ  уынаффæ рахæсдзыстæм», –  райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.