Уæвæг  информацийæ, Иракъли Къобахидзе премьер-министры постмæ уыдзæн бавдыст, Ираклий Гъарибашвили та партийы сæрдары бынат бацахсдзæн
Уæвæг информацийæ, Иракъли Къобахидзе премьер-министры постмæ уыдзæн бавдыст, Ираклий Гъарибашвили та партийы сæрдары бынат бацахсдзæн

Иракъли  Къобахидзе хицауады  сæрдары постмæ уыдзæн бавдыст, æрмæст Ираклий Гъарибашвили та партийы сæрдары  пост бацахсдзæн, –  уый фæдыл  информаци «Имеди» хъусын кæны.

«Имедийы» эксклюзивон информацийæ, 24 январы  ацыд  парти «Картули Оцнебайы» политикон советы рабадт.  Рабадтыл аскуыддзаг ис, цæмæй  фыццаг  февралы  ацæудзæн партийы  æмбырд.

«Нæ информацийæ, партийы архайæг  сæрдар Иракъли Къобахидзе  хицауады  сæрдары постмæ уыдзæн бавдыст, æрмæст архайæг  премьер-министр Ираклий Гъарибашвили партийы  сæрдары пост бацахсдзæн.

Уый æддæмæ ма, Иракъли Къобахидзе  афтæдæр бацахсдзæн   парти «Картули Оцнебайы»  политикон нымæрдары пост», –  банысангонд у  «Имедийы» публикацигонд информацийы.